Зауырбег цæттæ у Парижмæ цæуынмæ

0
219

Ивгъуыд сабаты уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир «Гран-при к 74»-ы ерыстæ цыдысты Кисловодскы.

Турниры фесгуыхæг богæлттæ хорзæхджын цыдысты Кисловодскы Сæргълæууæджы Кубок æмæ Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер, дунейы æртæ хатты чемпион, Олимпиаг хъæзтыты призон бынат бацахсæг Денис Царгушы номыл майдантæ æмæ æхцайы лæвæрттæй.
Турниры архайдтой æрмæстдæр 74 кг онг уæзы хæцæг богæлттæ: Уæрæсе, Азербайджан, Бахрейн, Румын æмæ Таджикистанæй.
Гауызмæ сæ хъару æмæ арæхстдзинад равдисынмæ цы 25 богалы рацыд, уыдоны ’хсæн уыдысты Ирыстоны æртæ минæвары: Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дунейы 3 хатты чемпион Сидахъаты Зауырбег, спорты мастертæ Хъарданты Мæхæмæт æмæ Куыдзойты Алан.
Ирыстоны спортуарзджытæн уæлдай цымыдисагдæр уыди, Сидахъаты Зауырбег йæхи куыд равдисдзæн, уый. Иууылдæр зыдтой, Зауырбег фарон Олимпиаг хъæзтытæм лицензи куы рамбылдта, уæд йе уæхск кæй фæцæф, æмæ уый дзæбæхгæнгæйæ, 2023 азы сентябрæй абонмæ ерысты кæй нæма архайдта. Ныр йæ иузæрдион фарсхæцджыты фæндыди Зауырбеджы, раздæрау, хæрзцæттæйæ фенын æмæ сæ уый нæ фæсайдта.
Зауырбег турниры рахæцыд цыппар ныхмæлæууæгимæ æмæ се ’ппæтыл дæр фæуæлахиз æнæдызæрдыгæй. Туриниры 1/8-æм хайы Сидахъы-фырт фембæлд дагестайнаг богал Азнаур Таваевимæ æмæ дзы рамбылдта 6:0 хыгъдæй. 1/4-æм хайы йæ ныхмæлæууæг уыд Таджикистаны номæй хæцæг дагестайнаг богал Мустафа Ахмедов. Сæ фембæлд ахицæн æмгъуыдæй раздæр 12:1 хыгъдæй Зауырбеджы пайдайæн.
Æрдæгкæронбæттæны Зауырбеджы ныхмæлæууæг уыд Республикæ Бахрейнæн хæцæг уæрæсейаг богал Магомедрасул Аслуев. Ацы фембæлды дæр Сидахъы-фырт фæуæлахиз 4:1-æй æмæ кæронбæттæны фембæлд Уæрæсейы чемпионаты 2-аг бынат бацахсæг Магома Дибиргаджиевимæ (Республикæ Дагестан). Сæ хъазуатон фембæлды Зауырбег разынд æрхъуыдыджындæр æмæ фæуæлахиз 3:0 хыгъдæй.
Зауырбеджы тренер Æрчъегкаты Тотрадз куыд зæгъы, афтæмæй ацы турниры рахæцын йæ хъомылгæнинаджы тынг хъуыди: «Иууылдæр федтой, Зауырбег йæхи хъомысджынæй кæй равдыста, уый. Ныр сæйрагдæр у, Парижмæ ацæуынмæ цы визæ хъæуы, уый райсын. Кæд та фæсарæйнаг цæстфæлдахджытæ ницы æфсæнттæ ссарой, уæд, хъуамæ, 10-15 июнмæ сбæлвырд уа, Сидахъаты Зауырбег, Найфонты Артур, Таймазты Мæдинæйы Олимпиаг хъæзтытæм ацæуыны фарста куыд лыггонд æрцæудзæн, уый».
Хуыцау зæгъæд, æмæ Олимпиаг хъæзтытæ аразджытæм раст зонд куыд æрцæуа!

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here