Кувæндæтты тыххæй хабæрттæ

0
181

Сыгъдæг Георги Ирыстоны нымад у æппæтæй кадджындæр дзуæрттæй иуыл. Уырыссаг чырыстон аргъуаны Дзæуджыхъæуккаг епархийы кувæндон – Сыгъдæг Георгийы аргъуан – аразын райдыдтой 1996 азы. 2003 азы сæйраг арæзтадон куыстытæ кæронмæ ахæццæ сты.

Æндæраз, 13 ноябры – Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бæрæгбоны рæстæг – Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Сыгъдæг Патриарх Кирилл бирæ зындзинæдтæбавзарæг Уæлахизхæссæг Георгийы кадæн Дзæуджыхъæуы сæйраг аргъуаны кадджын уагæй ракуывта.
– Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгийы фыццаг кувæндон горæты галиу фарс кæй сарæзтой, уый бирæйыл дзурæг у. 1913 азы 24 мартъийы Владимиры слободкæйы бирæ зындзинæдтæбавзарæг Уæлахизхæссæг Георгийы номыл æмæ Романовты Хæдзары паддзахиуæгады 300 азы кадæн рæстæгмæ аргъуаныл кадджын уагæй саргъуыдтой, зæгъгæ, уыцы рæстæджы газеттæ афтæ фыстой. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Мæздæггаг архиепископ Питирим кувæндоныл саргъуыдта, – зæгъы паддзахадон бюджетон кусæндон «Аланийы бынтæ»-йы директор Габоты Людмилæ.
21-æм фистæгæфсæддон дивизийы командир, инæлар-лейтенант Венедикт Ясенский ног аргъуанæн рæстæгмæ пайда кæнынæн радта мысайнагдонимæ балцон уазныв. Амынд аз сæрды ног кувæндон агуыридурæй аразын райдыдтой (рæстæгмæ кувæндон арæзт уыд хъæдæрмæгæй).
Аргъуаны разамонæгæй сæвæрдтой динамонæг Коцойты Моисейы (Дæхцыхъойы). Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд ирон бæхджын дивизионы бындурыл арæзт ирон бæхджын полчъы динамонæджы бынатахсæг Коцойы-фырт фронтмæ ацыд.
Советон хицаудзинады рæстæг Дзæуджыхъæуы кæй фехæлдтой, ныртæккæ Георгийы уыцы фыццаг кувæндоны ран ис 26-æм скъола (Мамсыраты Хаджумары æмæ Æрыдойнаг уынгты тигъыл), фæлæ раздæры кувæндонæй ныронг æнæхъæнæй баззайæг, цемент-чъырызмæстимæ зырдуртæ æмæ агуыридуртæй арæзт æмбонд нымад у культурон бынты ахсджиаг объектыл.
Рагон документтæм гæсгæ, аргъуаны арæзтады архайдтой Атараты Н. æмæ Е., Баймæтаты П., Ф. Скублинский, Хетæгкаты И. æмæ Г., Бæлоты Е., А. Краснобрыжев æмæ æндæртæ. Ацы аз 26 июны Коцойты Моисейы райгуырдыл æххæст кæны 145 азы.
Æрæджы бæстæиртасæг Феликс Киреев кæй рауагъта, уыцы чиныг «Храмы дореволюционного Владикавказа»-йы базонæн ис уæлдæрамынд æмæ æндæр кувæндæтты тыххæй бæлвырддæр хабæрттæ.

Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here