Вагзалты куыст, адæмы тыхстаг фарстатæ, социалон кусæндæтты цалцæг…

0
243

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй знон уыд Цæгат Ирыстоны министрадтæ æмæ ведомствæты, стæй муниципалитетты разамонджыты æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Ныхасы архайджытæ се ’ргом аздæхтой автовагзалты куыст банывыл кæныны, республикæйы цæрджыты тыхстаг фарстатæ лыг кæныны, социалон кусæндæтты арæзтад æмæ цалцæджы фарстатæм.

Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн цы амынддзинæдтæ радта, уыдонæй иу баст уыд республикæйы автовагзалты исбонады уавæр раиртасынимæ. Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, автовагзалты нывыл куыстæй бирæ аразгæ у транспортон инфраструктурæйы иумæйаг архайд. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ республикæйы транспортон къабазы цæуы уæрæх рацарæзт. Уыцы реформæйы фæлгæты рацаразинаг у вагзалты куыст дæр.
– Фæстаг рæстæг фылдæр æлхæнæм бæлццæттæласæн транспорт. Уыцы транспортон фæрæзтæй аккаг хуызы пайда кæнынæн нывыл фæткыл хъуамæ кусой вагзалтæ дæр. Æрмæстдæр афтæмæй къухы бафтдзæн бæлццæттæн хæрзхъæд лæггæдтæ кæнын. Уыцы æууæл хынцгæйæ, æркæсын хъæуы, автовагзалтæ цавæр фæткы бындурыл систы хицæн адæймæгты исбонад, уымæ. Кæд алцыдæр арæзт æрцыд закъоны бындурыл, уæд вагзалты ног хицæуттимæ æнгом æмгуыстад рапарахат кæнын хъæуы бæлццæтты удæнцойæн. Уыцы хъуыддаджы закъоны хæлдтытæ куы разына, уæд та сæ тыхы бацæу-дзысты æндæр æууæлтæ – æппæт архайд дæр арæзт цæудзæн барадон тыгъдады, – бацамыдта Сергей Меняйло.
Республикæйы горæттæ æмæ хъæуты цæрджыты цы фарстатæ тыхсын кæны, уыдон рæгъмæ рахаста Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Томайы-фыртæн æрæджы фембæлд уыд республикæйы цæрджыты къордимæ. Хицауады Сæрдары хæдивæг йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй адæмы курдиæттæ баст уыдысты транспорты куыстимæ, донæфсисады хъуыддаджы къуыхцытимæ, хъæууон афтектæ хъæугæ хостæй ифтонг кæныны, хъæууон цæрæн бынæтты фæлгонцад æмæ спортивон фæзты арæзтады фарстатимæ. Томайы-фырты хъусынгæнинагæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй æппæт амынд фарстаты фæдыл дæр бæлвырд уынаффæтæ хаст æрцæуой.
Уымæй уæлдай, рес-публикæйы Сæргълæууæг ведомствæтæ æмæ муниципалитетты бæрнон кусджытæн бацамыдта, цæмæй бынæттон цæрджытимæ ахæм фембæлдтытæ арæзт цæуой иуда-дзыгон фæткы бындурыл. «Адæм рæгъмæ цы фарс-татæ рахæссой, уыдон та хъуамæ афойнадыл лыггонд цæуой», – загъта Сергей Меняйло.
Æмбырды архайджытæ се ’ргом аздæхтой ахсджиаг социалон кусæндæтты арæзтад æмæ цалцæджы графиктæ æххæст кæнынмæ, стæй республикæйы æрвылбоны царды æндæр вазыгджын фарстатæм дæр.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here