Дзыллон диспансеризацийы фæрцы…

0
54

2024 азы фыццаг æмбисы дзыллон диспансеризацийы мадзæлттæ Цæгат Ирыстоны аххæссыдысты 121 мин адæймагæй фылдæрыл. Ахæм нымæцтæ журналисттæн фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр ТЕБИАТЫ Сослан.
«Æрвылкъуыри дæр хыгъд цæуы, адæмы диспансеризацийы пълантæ медицинон кусæндæттæ куыд æххæст кæнынц, уый. Уыцы пълантæм гæсгæ, ацы азы кæронмæ ахæм бæстон медицинон раиртæст, æмткæй райсгæйæ, хъуамæ бавзарой 260 мин адæймаджы бæрц», — загъта министр.
Тебийы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нысангонд пълантæ сæххæст кæнынæн республикæйы ис хъæугæ фадæттæ. «Диспансеризацийы фæткыл кусгæйæ, пайдагонд цæуы алыхуызон мадзæлттæй. Зæгъæм, дохтырты бригадтæ абалц кæнынц хъæууон районтæм, куыстуæттæ æмæ организацитæм æмæ бынаты æркæсынц адæмы æнæниздзинады уавæрмæ. Бынæттон цæрджытæ æмæ коллективты уæнгтæн специалисттæ раттынц бæлвырд амынддзинæдтæ, кæд искæйы уавæр зæрдæхсайгæ разыны, уæд та сын бацамонынц, кæцы дохтырмæ сæ бацæуын хъæуы, уый», — бафиппайдта министр.
Ведомствæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, диспансеризацийыл хорзæрдæм зыны, поликлиникæтæ æмæ амбулаториты фæстаг азты бирæ ног медицинон техникæ кæй фæзынд, уыцы æууæл дæр. Уый фæрцы анализтæ æмæ иннæ раиртæстытæ рауайынц бæстондæр æмæ растдæр.
Специалисттæ адæмæн амонынц, цæмæй-иу рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кæной дохтырты, сæхи хорз куы хатой æмæ сæ æппындæр куы ницы рисса, уæддæр. Рагæй бæлвырдгонд у, иуæй-иу низтæ райдайæны сæхи æппындæр ницæмæй равдисынц. Афтæмæй специалист та нырыккон диагностикæйы мадзæлтты фæрцы низ раиртасдзæн йæ тæккæ райдайæн къæпхæныл. Уый фæрцы, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцондæр свæййы низимæ тох кæнын.
Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, федералон Хицауады æмвæзадыл хаст æрцыд уынаффæ дзыллон диспансеризаци саразыны тыххæй. Уыимæ, амынд мадзал адæймагæн у бынтон лæвар, æххæстгонд цæуы æнæмæнг медицинон фæдзæхстады программæйы бындурыл. Уымæй уæлдай, диспансеризацимæ йæхи чи ныффысса, уыцы адæймаджы куыстдæттæг хъуамæ иу бонмæ йæ куыстæй ссæрибар кæна. Диспансеризацийы фæткы тыххæй бæстондæр æрмæг ссарæн ис РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады сайты.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here