6-7 июлы Цæгат Ирыстоны арæзт цæудзысты республикæйы автономийы 100 азы кадæн бæрæгбоны мадзæлттæ. Историон цау сбæрæг кæнынмæ республикæ йæхи куыд цæттæ кæны, уый тыххæй ныхас цыди РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй æмбырды.
Министрты кабинеты разамонæг фæбæрæг кодта, республикæ йæхи кæй цæттæ кæны, федералон æмвæзадыл чи ацæудзæн, ахæм егъау цаумæ.
— Нæ республикæ хæстæгдæр æнцойбонты бæрæг кæндзæн йæ равзæрды 100 азы юбилей. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ ирд бæрæгбонон мадзæлттæ цæттæ кæнæм. Хъуамæ æмбæлгæ æмвæзадыл фембæлæм æмæ баузæлæм нæ зынаргъ уазджытыл. Уыдонæн æмæ регионы цæрджытæн цæттæ кæнæм хъæздыг культурон программæ. Алчидæр хъуамæ, бæрæгбоны архайгæйæ, бамбара йæ егъаудзинад æмæ райса æвæрццæг æнкъарæнтæ. Ахæм хæс нын нæ размæ æвæры республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло — æппæт уавæртæ саразын, — загъта Дзанайты Барис.
Цы мадзæлттæ арæзт цæудзæн адæмæн сæхи ирхæфсынмæ, чи уыдзысты республикæйы кадджын уазджытæ æмæ иннæ организацион фарстаты тыххæй лæмбынæг радзырдта Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ.
Уыцы бонты бæрæгбонон ирд мадзæлттæ цæудзысты Дзæуджыхъæуы центрон хайы — 6 июлы 11:00 16:00 сахатмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Культурæ æмæ фæлладуадзæн централон парчы, стæй Сабырдзинады проспекты. Ам республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн сæ бон архайын уыдзæн чингуытæ æмæ хъæууонхæдзарадон армукъаты, «Нарты хъæзтыты», дзаджджын хæринæгтæй саходын, сæ арæхстдзинад бавдисын робототехникæйы, туристон техникæйы, дурынгæнæн æмæ куырдадзон хъуыддæгты.
Сабырдзинады проспекты уыцы рæстæг уыдзæн акци «Музыкæ — балкъонтыл», «Ирыстоны мозаикæ», зæгъгæ, ахæм вернисаж — амалиуæггæнджыты конд алыхуызон дзаумæтты армукъа.
14.00 сахатыл Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон театры юбилейы кадæн цæудзæн бæрæгбонон мадзал. Архайдзысты дзы Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ уазджытæ — Цæгат Кавказы регионты сæргълæуджытæ.
Республикæйы паддзахадон музейты байгом уыдзысты Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы кадæн равдыстытæ. Тематикон экспозицитæ фенæн уыдзæн РЦИ-Аланийы Национ, Тугъанты Махарбеджы номыл, Театралон аивады музейты æмæ Евгений Вахтанговы Хæдзары Дзæуджыхъæуы.
Бæрæгбонон мадзæлтты кæронбæттæны сабаты Сæрибары фæзуаты 19.00 сахатыл уыдзæн стыр концерт, архайдзысты дзы Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы аивадон коллективтæ æмæ артисттæ, уыдонимæ — Цæрикъаты Феликс, Гæззаты Еленæ, Алексей Чумаков, Мариам Мерабова, театр æмæ кинойы актер, Борис Щукины номыл театралон институты ректор Евгений Князев. Хъуыдымæ гæсгæ дзы æвдыст цæудзæн республикæйы истори. Концерт дихгонд уыдзæн субъекты рæзты сæйрагдæр цаутыл дзурæг фондз хайыл.
Дзанайты Барис бахахх кодта, республикæйы равзæрды 100 азы юбилейон бæрæгбон кæй ацæудзæн æрмæст Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ æппæт муниципалон скондты дæр. Уымæй уæлдай ма Хицауады Сæрдар бахæс кодта районты администрацитæн, бынæттон цæрджытæй Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты концертмæ бакæсын кæй фæнда, уыдонæн ахæм фадат саразын.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм: 2024 азы Цæгат Ирыстон бæрæг кæны æртæ юбилейы: 11-12 июны — Ирыстоны Уæрæсеимæ баиуы 250 азы, 6 æмæ 7 июлы — Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы, 21-22 сентябры — Дзæуджыхъæуы 240 азы.
Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин 2019 азы бафыста указ 2024 азы Цæгат Ирыстон-Аланийы равзæрды 100 азы бæрæгбон скæныны тыххæй. Ацы аз майы документмæ бахастой ивддзинæдтæ, цæмæй федералон æмвæзадыл бæрæггонд æрцæуа Ирыстоны Уæрæсеимæ баиуы 250 азы юбилей. Юбилейтæ бæрæг кæныны фæлгæты ацы аз фæззæджы Мæскуыйы ацæудзысты Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурæйы бонтæ.
ГАПБАТЫ Алетæ














