Æнæниздзинады бæстон медицинон раиртæст

0
72

Æрыдоны районы Центрон рынчындоны æрæджы цы магнитон-резонансон томограф æвæрд æрцыд, уый фæрцы цыппар сæдæ адæймагæй фылдæрæн арæзт æрцыд бæстон медицинон раиртæстытæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй магнитон-резонансон томографи у адæймаджы æнæниздзинады уавæр бæстон раиртасыны нырыккондæр технологитæй иу. «Æрыдоны рынчындоны ахæм МРТ-томограф кæй фæзынд, уый ахсджиаг цау у. Ныр уыцы техникæйыл медицинон раиртæстытæ кæнынц Алагиры, Æрыдоны, Æрæфы, Дыгур æмæ Кировы районты цæрджытæн. Уыимæ, æнæмæнг медицинон фæдзæхстады программæйы фæрцы ахæм мадзал адæмæн арæзт цæуы лæвар», – йæ телеграм-каналы фыссы республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан.
Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм томографы фæрцы рагагъоммæ къæпхæныл раиртасæн ис адæймаджы сæры магъзы, дадзинтæ æмæ иннæ хуылфыдзаумæтты уавæры аиппытæ, сæйрагдæр та – онкологон тæлмытæ. Уыцы æууæл, кæй зæгъын æй хъæуы, дохтырæн фадат ратты, цæмæй æххуысхъуаг адæймаджы афойнадыл дзæбæх кæнын райдайой.
Æрыдоны районы Центрон рынчындоны магнитон-резонансон томографийы кабинет фæзынд ацы азы райдайæны фыццаградон национ проект «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад»-ы дæлхайад – сæрмагонд программæ «Медицинæйы къабазы фыццаг къæпхæны кусæндæтты модернизаци»-йы фæлгæты.
Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, амынд программæйы фæткыл ацы аз ахæм МРТ-томограф æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы 4-æм поликлиникæйы дæр. Уымæй уæлдай, сæрмагонд уагæвæрды бындурыл ног медицинон техникæ æвæрд цæуы æндæр медицинон кусæндæтты дæр. Уыимæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы модернизацийы проекттæ æмæ программæты фæрцы медицинон кусæндæтты цæуынц арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ дæр.
Зæрдыл æрлæууын кæнæн ис, Президент Владимир Путины уынаффæйæ фыццаградон национ проект «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад»-ы уагæвæрдтæ æххæст кæныны æмгъуыдыл кæй бафтыдтой æмæ йыл куыст 2030 азы онг кæй цæудзæн, уый.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here