Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ»-йы фæлгæты нæ республикæйы цалцæггонд æрцæудзæн, йæ дæргъ 4,6 километры кæмæн у, Дæргъæвсæй Къæхтысæрмæ фæнда-
джы уыцы хай.
Куыстытæ æххæстгæнæг организаци фæндаджы гæбазыл раздæр уал æркалдзæн хуыр, стæй ауадз-дзæн доны хæтæлтæ, быцæуæн сæрмагондæй сараздзæн къултæ æмæ хъахъхъæнæн фæрæзтæ. Сæ фæрцы ног фæндаг уыдзæн æдас æмæ хæрзхъæд дæсгай азты дæргъы. Фæндаджы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ фæуыдзысты ацы азы кæронмæ. Куыстытæ æххæстгæнæг организациимæ нæ республикæйы Транспорт æмæ фæндæгты хæдзарады комитет бафыста бадзырд. Уым куыд амынд ис, афтæмæй 2027 азмæ уыцы куыстауат йæхимæ исы фæндаг аккаг уавæры дарыны хæс, æмæ йæ куыд æххæст кæндзæн,, уымæ уыдзæн лæмбынæг цæстдард. Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ»-йы фæрцы дарддæр дæр цæудзысты, туристон маршруттæ цы фæндæгтыл цæуынц, уыдон сног кæныны куыстытæ дæр. Республикæйы цæрджытæ æмæ нæ уазджытæ Ирыстоны алæмæты æрдзы рæсугъддæр бынæттæм æнæкъуыхцыйæ цæмæй хæццæ кæной, уымæн алцыдæр арæзт цæудзæн.
Нæ уацхæссæг