Парижы 34-ӕм Олимпиаг хъӕзтыты фесгуыхтысты ирыстойнаг дыууӕ дзюдоисты. Олимпиаг хъӕзтытӕм дунеон Олимпиаг комитеты ӕдзӕсгом разамонджыты цъаммар миты азарӕй кӕд нӕ зындгонд дзюдоисттӕ Тасойты Инал ӕмӕ Таймазты Мӕдинӕйӕн сӕ фӕндаг ӕхгӕд ӕрцыд, уӕддӕр дзюдойӕ ерысты нӕ спортуарзджытӕн уыди, кӕуыл сӕ зӕрдӕ дарой, ахӕм не ‘мзӕххонтӕ.
Ирыстоны дзюдойы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ ӕртӕйӕ Парижы рацыдысты Олимпиаг татамимӕ. Уыдон кӕд ӕндӕр бӕстӕты номӕй хӕцыдысты, уӕддӕр Ирыстоны спортуарзджытӕ куывтой сӕ цӕрӕнбонмӕ ӕмӕ сын Хуыцауӕй куырдтой сгуыхтдзинӕдтӕ саккаг кӕнын.
Ӕвӕццӕгӕн, нӕ спортсменты иузӕрдион фарсхӕцджыты курдиат Хуыцау фехъуыста, ӕмӕ Парижы ирон дзюдойы хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой дыууӕ хӕрзиуӕджы. Уымӕй дӕр ирон дзюдоисттӕн бантыст олимпиаг чемпионы ном фыццаг хатт рамбулын. Уыцы бӕллиццаг бӕрзӕндмӕ схизын бантыст, ныр ӕстӕм аз Азербайджаны номӕй чи хӕцы дунеон ерысты, уыцы ирон лӕппу Коцойты Зелимӕн. Зелим, Парижы 100 кг онг уӕзы хӕцгӕйӕ, фӕуӕлахиз цыппар ныхмӕлӕууӕгыл. Йӕ фыццаг ныхмӕлӕууӕг уыд польшӕйаг дзюдоист Петр Кучера, уый фӕстӕ ерысты 1/4 хайы фӕуӕлахиз Израилы минӕвар Петер Пальчикыл, ерысты 1/2-ӕм хайы рамбылдта узбекаг дзюдоист Музаффарбек Туробоевӕй ӕмӕ кӕронбӕттӕны фембӕлд гуырдзиаг дзюдоист Илья Суламанидзеимӕ. Сӕ фембӕлды фыццаг размӕ рацыд Суламанидзе, фӕлӕ Зелим равдыста стыр уӕлахизмӕ тырнындзинад ӕмӕ фембӕлды цыд йӕхи пайдайӕн рацарӕзта. Афтӕмӕй Коцойты Зелим Азербайджаны олимпиаг командӕйӕн рамбылдта сыгъзӕрин майдан. Йӕ фыццаг тренертӕ уыдысты Беккуызарты Алик ӕмӕ Цӕгӕраты Хъазыбег. Уыдоны хъомылгӕнинӕгтӕй ма иу, Федор Целиди Олимпиаг хъӕзтыты архайдта Грецийы номӕй. 90 кг онг уӕзы хӕцгӕйӕ, Федор рамбылдта цыппар ныхмӕлӕууӕгӕй, фӕлӕ, ерысты 1/2-ӕм хайы кӕй фӕхӕрд, уый йӕ бахъыгдардта, ӕмӕ бацахста ӕртыккаг бынат. Спортсмен уый банымадта хорз ӕнтыстыл ӕмӕ зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта, ерысты рӕстӕг ыл зӕрдиагӕй чи тыхсти, уыцы Тасойты Инал ӕмӕ Айларты Ирбегӕн.
Мах дӕр нӕ газеты номӕй зӕрдиаг арфӕ кӕнӕм нӕ фесгуыхӕг ӕмзӕххонтӕ ӕмӕ сӕ бацӕттӕгӕнӕг тренертӕн.
Зелим ӕмӕ Федор кӕд ӕндӕр бӕстӕты номӕй архайдтой, уӕддӕр сӕхи хонынц ирыстойнӕгтӕ, ӕмӕ сын нӕ зӕрдӕ зӕгъы ног сгуыхтдзинӕдтӕ!
БАСКАТЫ Уырызмӕг