Фӕндӕгты ӕдасдзинады тыххӕй

0
22

Ӕрцыд фӕндагон фыдбылыз, бабын кӕйдӕр хӕдзар. Автомобилон фӕндагыл Дзӕуджыхъӕуӕй Алагирмӕ цыдысты фыд ӕмӕ йӕ сывӕллон. Афтӕ тагъд тахтысты, ӕмӕ се ‘намондӕн фӕндагӕй аиуварс сты, бӕласыл сӕхи сцавтой. Нал аирвӕзтысты фыд ӕмӕ йӕ ӕнахъом чызг.

Тагъддзинад чи уарзы, ахӕм шофырты нымӕц фылдӕр кӕны. Чи зоны, уымӕн, ӕмӕ нӕ фӕндӕгты уавӕр бирӕ хуыздӕр у, лӕгъз трассӕйыл та ӕхсызгон у машинӕ скъӕрын. Фӕлӕ алцӕмӕн дӕр ис фӕтк, ӕгъдау, ӕмӕ сӕ ӕдасдзинады тыххӕй ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕнын хъӕуы.

Паддзахад ӕмӕ ӕхсӕнады сӕйрагдӕр хӕстӕй иу у фӕндагон фыдбылызтӕй адӕмы бахизынӕн ӕппӕт мадзӕлттӕ аразын. Цӕгат Ирыстон дыууӕ хатты архайдта ӕппӕтуӕрӕсеон социалон компаниты. 2023 азы йӕ куыст райдыдта федералон социалон компани «ПРОдвижение БЕЗопасности» ӕмӕ дзы ныр нӕ бӕстӕйы 40 регионы ‘хсӕн архайы Дзӕуджыхъӕу дӕр.

Мадзалы нысан у адӕмы ӕргом раздахын фӕндӕгтыл ӕдасӕй цӕуынмӕ, тагъддзинад ӕрныллӕг кӕнынмӕ, фӕндагон нысантӕм лӕмбынӕг кӕсынмӕ. Уый хауы алы адӕймагмӕ дӕр.

Ацы ӕмӕ ӕндӕр фарстатыл ныхас кодтой паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕмӕ уацхӕсджытӕ. Пресс-конференцийы куысты архайдтой пъӕлицӕйы дӕлбулкъон Мӕргъиты Алыксандр, Дзӕуджыхъӕуы администрацийы фӕндагон арӕзтад ӕмӕ змӕлды управленийы хицау Фидараты Роберт, пъӕлицӕйы капитан, хистӕр инспектор Фидараты Сослан, медицинон психолог Юлия Афанасьева, «Автомобилистты ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнад»-ы регионалон хайады сӕрдар Гокъоты Алан ӕмӕ иннӕтӕ.

Уацхӕсджыты фарстытӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, Мӕргъиты Алыксандр фӕнысан кодта, ацы компанийы Цӕгат Ирыстон хуымӕтӕджы кӕй нӕ архайы.

— Аразӕм бирӕ мадзӕлттӕ, цӕмӕй фӕндагон змӕлды архайджытӕ ӕдас уой, уымӕн. Хъыгагӕн, фыдбылызты нымӕц фылдӕр кӕны иу азӕй иннӕмӕ.

Кусынц фотовидеоцӕстдарды камерӕтӕ, инспектортӕ рад хӕссынц, алыхуызон профилактикон мадзӕлттӕ арӕзт цӕуы, фӕлӕ адӕм сӕхи нӕ хъахъхъӕнынц.

Пропагандӕйы хуызы шофырты ‘хсӕн зонындзинӕдтӕ парахат кӕндзыстӕм дарддӕр, — фӕндагон ӕмӕ боныхъӕды уавӕртӕ, ӕндӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ рохгӕнӕн нӕй, тагъдцӕуыны педалыл ныххӕцгӕйӕ, — зӕгъы Алыксандр.

— Нӕ республикӕйы фӕндӕгтыл ӕвӕрд ӕрцыд 123 видеоцӕстдарды камерӕйы. Уыдонӕй 67 — Дзӕуджыхъӕуы уынгты, 22 — федералон трассӕтыл, 34 та — регионалон фӕндӕгтыл. Фӕткхалджыты нымӕц сӕдӕгай минтӕй ахызт. Нырыккон прибортӕ ӕрмӕст тагъдцыд нӕ, фӕлӕ ма комкоммӕ фӕндагмӕ рахызт дӕр ӕвдисынц. Зӕгъӕм, ахӕм камерӕ лӕууы Суададжы хъӕумӕ ‘ввахс, — зӕгъы Фидараты Сослан. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, хӕстӕгдӕр рӕстӕг ноджы 49 приборы ӕмӕ иу мобилон комплекс бӕрӕг кӕндзысты фӕндӕгтыл цӕуыны фӕтк.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы минӕвар Фидараты Роберт ӕрфӕ ракодта социалон компани саразджытӕн ӕмӕ фехъусын кодта, нӕ горӕты фӕндӕгтыл фылдӕрӕй-фылдӕр транспорт кӕй цӕуы, уӕлдайдӕр ныр, туристты ссыдимӕ. Ис нӕм 9 хиды, сӕ уавӕрмӕ нӕ цӕст дарӕм. Тӕссагдӕр бынӕттӕ цы уынгты ис, уырдӕм фылдӕр ӕргом здӕхт цӕуы.

Социалон компани «ПРОдвижение БЕЗопасности» райдыдта абон. Иу мӕйы дӕргъы Дзӕуджыхъӕуы артаг ӕвгӕнӕн ӕхсӕз станцӕйы — Ватутины, Мӕскуыйаджы, Титовы, Уалдзыгон уынгты ӕмӕ ӕрхонкӕйы зылды цӕудзӕн мадзӕлттӕ. Консультанттӕ ныхас кӕндзысты адӕмимӕ машинӕ тагъдскъӕрыны тӕссагдзинадыл. Шофыртӕй йӕ фӕлтӕрддзинад, йӕ зонындзинӕдтӕ  чи равдиса, уыдонӕн ратдзысты зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

ГУГКАТЫ Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here