Социалон-экономикон рæзт

0
225

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр ныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон райрæзтыл. Рæгъмæ рахастой бирæ лыггæнинаг фарстатæ.

Фыццаг уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæгæй ног æмгъуыдмæ снысан кодтой Олег Быкадоровы.

Æхсæнадон палатæйы аппаратæн 2028 азы февралы онг разамынд дæтдзæн Агънаты Хъазыбег.

РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Маматы Анджелæ фехъусын кодта, 2025 азы сæ иумæйаг царды юбилей цы бинонтæн у, уыдонæн азтæм гæсгæ кæй ратдзысты иухаттон зæрдæлхæнæн æхцайæ.

– Зæгъæм, 25, 50, 60 æмæ 70 азы цы лæг æмæ ус фæцардысты бинонтæй, уыдонæн ратдзысты уыцы азты æмбæрц æхца. Ацы куыст æххæст кæндзысты алы районы дæр, – загъта Маматы Анджелæ. – Федералон проект «Хистæр фæлтæр» æмæ республикон проект «Бинонтæ»-йы бындурыл 356 адæймаджы, уыдонимæ – фæкæсынхъуагыл кæй банымадтой, ахæм рынчынтæ, æнæкуыстхъомтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ дæргъвæтин æххуыс исдзысты.

Ивддзинæдтæ бахæс-дзысты, 2022 азы февралæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайдта æмæ чи фæмард, уыдоны бинонтæн иухаттон
баххуысы тыххæй Хицауады уынаффæмæ.

Ныхас цыдис республикæйы районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты архайды ахадындзинадмæ цæстдарды тыххæй, стæй, базарадон æнæстационарон объект-тæн кæм æмбæлы, уыцы схемæ бацæттæ кæныныл. РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан фехъусын кодта, 2024 азы нæ республикæйы приватизацигонд цы паддзахадон объекттæ æрцыд, уыдонæй æфтиаг кæй райстой 51 милуан сомы бæрц.

Ацы аз хъæууон хæдзарады къабазы райрæзтæн федералон æмæ респуб-ликон бюджеттæй радих кæндзысты миллиард сомы бæрц. Уыдонимæ гранттæ æмæ субсидиты хуызы æххуыс райсдзысты бинонты фермæтæ дæр, ныртæккæ сæ нымæц у 63. Программæ «Агростартап»-ы æххуысæй фæхъæздыгдæр сты сæ техникон гæнæнтæ. Бинонты фермæтæн сæ хæрдзтæ субсидиты хуызы фæстæмæ раттыны фæткæвæрды тыххæй, стæй хæрзмыггаг фосдарынадæн æххуысы тыххæй æмбырды ныхас кодта РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.

Ныртæккæ уыцы куыст æнтыстджынæй кæнынц хъæууонхæдзарадон кооперативтæ «Де-Густо» – стурвосы хуыз «Терефорд» дарынц, куыстуат «Хæрес» та яктæ сбирæ кæнынмæ хъавы, кæсæгты хæдзарад «Радужная форель» балер кæсагимæ кусы.

РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат æхсызгонæй загъта, ацы аз Уæрæсейы паддзахадон программæйы фæлгæты 62 æрыгон бинонтæ цæрæн хæдзар балхæнынæн кæнæ саразынæн социалон æххуыс кæй райс-дзысты.

Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны рес-публикон центры архайды цы ивддзинæдтæ æрцæу-дзæн, уый тыххæй фе-хъусын кодта комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Эллæ Авакова.

Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой æндæр фарстатыл дæр.

 

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here