Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы уыд профессион дæсныдзинады конкурс «2025 азы рауагъды хуыздæр фелсыр».
Куыстдæттæджы домæнты аккаг чи у, уыцы хæрзхъæд ахуырад райсынæн ахъазгæнæг амынд конкурсы цыд фенынмæ æрбахуыдтой нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ахуырады министрты хæдивджытæ Томайты Тамарæ æмæ Гобеты Вадимы, стæй практикон æнæниздзинад хъахъхъæнынады минæвæртты.
Конкурс дихгонд уыд æртæ хайыл. Ерысты райдайæны йæ архайджыты хæс уыд темæ «Мæ дæсныйад – мæ сæрыстырдзинад»-ыл хæдбарæй презентаци баххæст кæнын. Фæстæдæр арæзт æрцыд блиц-турнир: амынд ахуыргæнæндон кастфæуæвæг лæппутæ æмæ чызджытæ медицинон темæйыл фарстытæн дзуаппытæ лæвæрдтой. Конкурсы æртыккаг хайы рæстæг йæ архайджытæ æххæст кодтой практикон хæслæвæрдтæ (кодтой бæлвырд хъыгдардбаййафæг адæймаджы уавæр, прививкæтæ, барстой туджы æлхъывдад æмæ афтæ дарддæр).
Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæуæлахиз Дзыгасты Хъазыбег. Уæлахиздзауы фæстæ бынæттæ бацахстой Гæззаты Наидæ, Бузойты Сæрмæт æмæ Дулаты Батрадз.
Олег Апрелев














