«Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы йæ рауагъдон Бадзиты Альберты рухс ном мысынæн байгом кодтой «Хъайтары партæ».
Бадзиты Альберт сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырдзинад, удуæлдай æмæ Фыдыбæстæйыл æнувыд æвдисгæйæ, фæмард ацы аз мартъийы.
Скъолайы партæ кадджын уавæры гом кæныны архайдтой Альберты бинонты уæнгтæ, хуыздæр ахуырдзаутæ æмæ партион проект «Ног скъола»-йы координатор, республикæйы ахуырады министры хæдивæг Дзанайты Марк.
«Бадзиты Альберт йæхи равдыста æцæг хæстонæй, йæ республикæ æмæ йæ адæммæ тыхджын уарзт æнкъаргæйæ. Архайдта Хуссар Ирыстоны хæсты, уый фæстæ та сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы ныццæвæны», – радзырдта Дзанайты Марк. – «Хъайтары партæ»-йы байгомæн ис егъау нысаниуæг рæзгæ фæлтæры патриотизмы хъомылады. Партæ ахуырдзауты хæсджын кæндзæн сæрæн рауагъдоны фæзмынынæй, йæ ном суыдзæн Фыдыбæстæ уарзын, хистæртæн аргъ кæнын æмæ сæ нæ рох кæныны нысан».
Альберт хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй æмæ йæ мæлæты
фæстæ та Хъæбатырдзинады орденæй.
– Альберт æдзухдæр уыд цæттæ йæ бæстæ, йæ республикæ, йæ адæмы сæрвæлтау йæ сæр нывондæн æрхæссынмæ. Нæ бинонтæ арфæ кæнынц парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ скъолайы разамындæн, ме ’фсымæры рухс ном мысынæн цы хорз хъуыддаг сарæзтой, уый тыххæй, – загъта йæ хо Бадзиты Дианæ.
Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы сæйрагдæр къабæзтæй иу у историон зæрдылдарын бахъахъхъæнын.
Санаты Альбинæ














