Цард æмæ  дæсныйады амондæй – хайджын

0
22

Ивгъуыдæн аргъ кæнын чи зоны, уыцы адæймаг æцæг фарн хæссы йæ цард æмæ йæ зæрдиаг фæллойæ адæммæ. Хуыцауæн бузныг, ис нæм нырма ахæм хорз хистæртæ. Сæ фæрцы Иры фæлтæрты абон æмæ фидæн у райдзаст æмæ бæллиццаг.

Нæ республикæйы Национ музейы хайады раздæры сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Гаджиты Фузæйы цардвæндаг æнцон нæ уыд, фæлæ кад æмæ намысы хъуыддæгтæй рæсугъд æмæ арфæйаг. Рæстаг уд, рæсугъд зæрдæ, æрдзон æмæ профессионалон зонындзинæдты хицауæй йæ зонæм мах не ‘ппæт дæр, хистæрæй кæстæрмæ.

Уæздан, фендджын, бонзонгæ, цæстуарзон, нæ республикæйы музейты змæлды, сæ рæзт æмæ æнтыстджын архайды зæрдиаг зиууон Гаджиты Фузæ райгуырд Æрыдоны районы Кировыхъæуы. Йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты филологон факультетмæ. Райста дзы уырыссаг æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæджы дæсныйад. 1958 азы Фузæйы арвыстой кусынмæ Узбекистанмæ. Ташкенты облæсты районтæй иуы куыста Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнæгæй. Афæдзы фæстæ сыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Ам йæ фæллойадон фæндаг дарддæр кодта фыццаг журнал – «Мах дуг»-ы, фæстæдæр та – нæ республикæйы библиотекæты коллекторы.

1961 азы Гаджиты Фузæйы кусынмæ æрбахуыдтой Цæгат Ирыстоны Бæстæзонæн музеймæ (ныр – РЦИ-Аланийы Национ музей) зонадон кусæгæй. Йæ
куысты хæстæ куыд зæрдиаг æмæ бæстон æххæст кодта, ууыл фыццаг бонтæй сæ цæст æрæвæрдтой музейы разамынд, зонадон кусджытæ, цæстдарджытæ,
суанг ма музеймæ экскурсийы чи цыд, уыцы бынæттон алы кары адæм, рес-
публикæмæ уазæгуаты нæ бæстæ æмæ дунейы алы горæттæй цæуæг туристтæ.

1979 азы Гаджиты Фузæйы снысан кодтой, Бæстæзонæн музейы фондты цы æрмæджытæ ис, уыдоны хыгъдхæссæг хайады сæргълæууæгæй. Ам йæ хæстæ ноджы фæвазыгджындæр сты. Музейы æвæрæнты цы æрмæг ис, æмæ йыл ногæй цы удварны бæркады æвдисæндартæ æфты (алы рæстæджыты номдзыд адæмы хи дзаумæттæ, хæрзиуджытæ, къамтæ, къухфыстытæ, хъуыддаджы документтæ, чингуытæ, этнографион, цардыуагон æрмæг, æрмдæсныйады дзаумæттæ, уæлæдарæс…) уыдон-иу Фузæ хаста сæрмагонд чингуытæм, лæмбынæг сын æрфыст саразгæйæ. Абон дæр музейы сæрмагонд хыгъдфыссæн чингуы-
тæм куы æркæсæм, уæд дзы нæ хорз хистæр, музейы хъуыддаджы æцæг дæсны – Гаджиты Фузæйы бæлвырд æмæ аив æрфыстытыл, йæ къухæрмдзæфыл æхсызгонæй бадис кæнæм. Йæ зæрдиаг архайд нæ республикæйы Бæстæзонæн музейы, æмæ йæ хайæдты, филиалты, лекцион, зонадон-иртасæн, æмбырдгæнæн, бæрæггæнæн, рухстауæн архайды у зынгæ æмæ ахадгæ.

Уæдæ Фузæйы хъæппæрисæй Национ музейæн йæхи æмæ йæ филиалты Иры намысджын фырттæ Абайты Васо, Плиты Иссæ, Кучиты Юри, Хъантемыраты Мухтарбег æмæ нæ иннæ фæрнджын сгуыхт адæймæгтимæ цы цымыдисаг фембæлдтытæ арæзта, уыдон йæхи æмæ музейы хистæр æмæ астæуккаг фæлтæры кусджыты зæрдыл арæх æрлæууынц.

Нæ республикæйы музейты змæлды зæрдиаг æмæ бæстон зиууон, уæздан æмæ цæстуарзон хистæр Гаджиты Фузæ æрæджы бæрæг кодта йæ юбилей. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад, кæстæрты хорзæхæй хайджын уæвыны æнæкæрон амонд!

 

Гасанты Валери,

Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы хистæр
зонадон кусæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here