Уголовон хъуыддæгтæ — тæрхондонмæ

0
49

Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы кусджытæ рабæрæг кодтой æмæ кæрон сæвæрдтой Цæгат Ирыстоны таможняйы кусджыты къорды æнæзакъон архайдæн.

Слестгæнæг оргæнтæ гуырысхойæгты азымджын кæнынц сæ куысты æххæстбарты сæрты ахизынæй, стæй таможняйы операциты тыххæй мæнг документаци саразынæй.

Оперативон-агурæн æрмæджытæм гæсгæ, гуырысхойæгтæ иуцасдæр рæстæджы дæргъы мæнг бæрæггæнæнтæ хастой таможняйы гæххæттытæ æмæ компьютерон программæтæм. Цæстфæливæн æрмæджыты куыд загъд уыд, афтæмæй таможняйы сæрты æндæр бæстæтæм аластой 150 фæсарæйнаг хæдтулгæйы бæрц. Ахæм архайды аххосæй Уæрæсейы паддзахадон бюджетмæ фиддонты хуызы нал бафтыд 500 милуан сомæй фылдæр.

Амынд цауты фæдыл УФ-йы Слестгæнæг комитеты РЦИ-Аланийы управленийы Алагиры хайады слестгæнджытæ Уæрæсейы Уголовон кодексы 286- æмæ 292-æм статьяты 3- æмæ 2-æм хæйтты бындурыл сарæзтой 217 уголовон хъуыддаджы.

Ныридæгæн уал 6 гуырысхойаджы ныхмæ арæзт уголовон хъуыддæгтæ зылынгæнæн хатдзæгтимæ æрвыст æрцыдысты Алагиры районы тæрхондонмæ. Æмткæй райсгæйæ, слестгæнæг оргæнтæ амынд цаутимæ баст кæй сты, уымæй азымджын
кæнынц таможняйы 9 кусæджы.

 

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг
управленийы
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here