Фæндаг – станицæйы иувæрсты

0
12

Куыд зонæм, афтæмæй Архонскæйы станицæйы фæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад дарддæр цæуы. Фидæны фæндагыл уыдзæн цыппар тæлмы, астæуæй – дихгæнæн тæлм, Джызæлдоны сæрты хид æмæ дыууæ фæндаджы рахизæны.

Фæндаджы дæргъ уыдзæн 16 километры, ныртæккæ йæ цæттæдзинад схæццæ 60 процентмæ. Зæххы уæлцъар равæрдтой, рахизæнтыл куыстытæ кæронмæ ахæццæ сты, инженерон хызтæ æвæрынц. Аразджытæ бавнæлдтой асфальт æвæрынмæ, трассæйæн бахъæудзæн 80 мин тоннæйы асфальт.

Объектыл куыстытæ фæуыдзысты 2028 азы райдайæнмæ. Ацы азы кæронмæ транспорт рахиздзæн асфальтæй æхгæд фæндаджы хæйттæм.  Архонскæйы станицæйы фæрсты цæуæг трассæ æппæт республикæйы фæндæгтæн дæр у ахсджиаг транспортон бастдзинад. Куы срæвдз уа, уæд равдæлон кæндзæн иннæ фæндæгтæ æмæ змæлд суыдзæн ноджы æдасдæр.

Фæндаг арæзт цæуы национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы руаджы.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here