Нæ ивгъуыд – йæ уацмысты

0
14

Зындгонд фыссæг, драматург, тæлмацгæнæг
Тугъанты Батырбеджы райгуырдыл сæххæст 160 азы

Национ литературæйы дзырдаивады дæснытæй  йæ уацмыстæ уырыссаг æвзагыл чи фыссы, нæ адæмы истори, зæрдæйы уаг, миддуне æмæ зондахаст дзы ирдæй чи æвдисы, уыцы курдиатджын прозаиктæ чысыл не сты. Се ‘хсæн курдиатджын фыссæг, драматург, тæлмацгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Тугъанты Батырбеджы ном æмæ сфæлдыстад зынгæ бынат ахсы, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Йæ цард æнцон нæ уыд. Цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæй ахæм хатдзæг скæнæн ис, Хуыцау æй æххæстæй кæй фæхайджын кодта арф зонд, цард æмæ йæ цаутæн аргъ кæныны  арæхстдзинадæй æмæ ирд сфæлдыстадон курдиаты цæхæрæй.

Тугъанты Батырбег райгуырд 1866 азы 7 июлы Цæгат Ирыстоны Дур-Дуры хъæуы. Йæ фыд Аслæнбег уыд Уырысы паддзахы æфсады инæлар-майор. Лæппуйыл цыппæрдæс азы куы сæххæст, уæд ахуырмæ бацыд Дзæуджыхъæуы прогимназмæ. Фæстæдæр та – Стъараполы гимназмæ. Сахуыр дзы кодта æхсæзæм къласмæ æмæ афтæмæй сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Ам йæхи æгъдауæй  райдыдта ахуыр кæнын. Зæрдиагæй каст аивадон литературæйы æмæ æндæр зонæдтимæ баст бирæ чингуытæ.

Йæ райгуырæн хъæуы цы рæстæг уыд, уый дæргъы федта, йæ бонджын фыдæлтæ мæгуыр, æвæрæз æмхъæуккæгты куыд æфхæрдтой, уый. Ахæм зæрдæриссæн цауты аххосæй Батырбег фæбыцæу йæ бинонтæ æмæ мыггагимæ. Дур-Дурæй  рацыд æмæ æрцард Дзæуджыхъæуы. Ам базонгæ Иры номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къостаимæ. Йæ зондахаст æмæ миддуне, архайд æмæ сфæлдыстад Батырбегæн систы рæстаг царды хъæр зонæн, æфхæрд адæмы сæрыл тохы ахсджиаг разæнгардгæнæнтæ.  Уый хыгъд ма  ахуыр кæнын райдыдта юридикон зонæдты. Адæмы бартæ хъахъхъæнынæн æй цы хъуыд, уыцы ахуырадмæ  здæхта фылдæр æмæ зæрдиагдæр æргом. Йæ арæхстдзинад юридикон фарстатæ æвзарыны хъуыддаджы фæлтæрдта, Ирыстоны хæххон æмæ быдираг хъæуты цæрджытæй йæм бонджын æмæ мæгуыр адæмы цардхалæг  хъалты, уæды рæстæджы хицаудзинады минæвæртты  фыдмиты тыххæй цы хъæстытæ цыд, уыдон  хъастгæнджыты пайдайæн раст лыг кæнгæйæ.

Зондджын æмæ фендджын фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Тугъанты Батырбег ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Карл Маркс æмæ Фридрих Энгельсы «Коммунистон партийы манифест». Ирон дивизионы йе ‘фсæддон хæс чи æххæст кодта, уыцы салдæттæ æмæ Дзæуджыхъæуы Курскы зылды цæрджыты ‘хсæн кодта револицион агитацион куыст. Уыцы змæлды ма йемæ архайдтой ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ зындгонд революционер Байаты Чермен.

Революцион тохмæ кæй сидт, уый тыххæй Батырбеджы æрцахстой æмæ йæ бæлвырд æмгъуыдмæ ахæстоны бакодтой. Куы рацыд уырдыгæй, уæд дæр ын нæ уыд Терчы облæсты цæрыны бар. 1907 азы йæ бинонтимæ ацыд Мæскуымæ æмæ уым æрцард. Куыста алы бæрнон бынæтты. Уыд Адæмыхæттыты фарстатæ лыггæнæг æмæ адæмон ахуырады комиссарадты  кусæг. 1921 азы йæ снысан кодтой Дагестаны Бæхдарынады фарстатæн дзуапдæттæгæй. Ам цæргæйæ, 1921 азы  уæззау низы аххосæй ссардта йæ адзал. Бавæрдтой йæ горæт Махачкалайы.

Тугъанты Батырбег йæ уацмыстæ фыста уырыссаг æвзагыл. Сæ зындгонддæртæ – уацау «Батаноко Тембот», радзырдтæ «Фыййау Баде», «Бæхдавæг», «Ханиффæ», «Æгъдаумæ гæсгæ», пьесæ «Параллели». Ирдæй сæ æвдисы нæ адæмы ивгъуыд цард, æлдæрттæ æмæ бонджынты фыдмитæ рæстæй цæрæг фæллойгæнæг адæмы ныхмæ.

Курдиатджын фыссæг, драматург æмæ тæлмацгæнæг Тугъанты Батырбеджы уацмыстæ хицæн чингуытæй цæуын райдыдтой Октябры Революцийы размæ. Уæлдай парахатдæрæй нæ бæстæ æмæ Цæгат Кавказы чиныгкæсæг фæлтæр семæ базонгæ советон дуджы. Ахуыр сæ кæнынц астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырады скъолаты. Йæ цард æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон архайдыл мидисджын зонадон æрмæджытæ ныффыстой зындгонд ахуыргæндтæ-литературæиртасджытæ  Леонид Семенов, Ардасенты Хадзыбатыр, Суменаты Замирæ, Хæдарцаты Азæ, Мæрзойты Сергей, Хуыгаты Ирлан.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here