Зынаргъ æмзæххонтæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын нæ национ бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл!
Ацы бон ирон адæмы монон æмæ культурон царды ахсы хицæн бынат. Здахы нæ нæ уидæгтæм, нæ рагфыдæлты зæрдылдарынмæ, Ирыстон æмæ нæ бинонтæ бирæ æнусты кæуыл æнцой кодтой, уыцы цæджындзтæм – уырнындзинад, намыс, хистæртæн кад кæнын, райгуырæн зæххы раз бæрнондзинад æмæ адæмы иудзинадмæ.
Хетæджы къох ирон адæмы бирæ фæлтæртæн у уды хъаруйы, адæймаджы бастдзинад традициимæ æмæ хъуыдыты сыгъдæгдзинады символ. Ам адæймаг ирдæй банкъары, нæ фыдæлтæй нæм чи ‘рхæццæ, уыцы хæзнатæ – мадæлон æвзаг, æгъдæуттæ, культурæ, зын æмæ цины сахат кæрæдзимæ æнгом æрбалæууын – хъахъхъæнын кæй хъæуы. Абон, не ‘хсæнад зындзинæдтæ куы ‘взары, уæд уыцы хæзнатæн ис æрмæст историон нæ, фæлæ нырыккон нысаниуæг дæр. Ирыстоны хъару ис æнгомдзинад, нæ уидæгтæ зонын æмæ сын кад кæнын, нæ республикæйы иумæйаг фидæнмæ бавæрæн бахæссынмæ цæттæдзинад.
Ирыстоны æппæт цæрджытæн дæр мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, æнæниз-
дзинад, уды фидардзинад, рухс фидæнæй ныфсджын уæвын, иузæрдиондзинад.
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, ме ‘мзæххонтæ!
Мæ зынаргъ Ирыстоны цæрджытæ, æмзæххонтæ!
Арфæ уын кæнын нæ иумæйаг бæрæгбон – Хетæджы Уастырджийы боны фæдыл.
Алы аз дæр æппæт ирон адæм ацы бæрæгбон сбæрæг кæнынц кадджын уавæры. Ракурынц Хуыцауæй, зæдтæ æмæ дауджытæй сабырдзинад, æнæниздзинад.
Ацы бонты кувдзыстæм, цæмæй дуне сабыр уа, нæ фæсивæд уæлахизимæ сæ бинонтыл сæмбæлой, нæ кæстæртæ домбай уой.
Хетæгæн Уастырджи зын рæстæг цы æххуыс бакодта, ахæм æххуыс кæнæд æппæт ирыстойнæгтæн.
Алкæй хæдзар æмæ нæ уарзон Ирыстон фæрнæйдзаг уæнт!
Сергей Меняйло,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг
***
Зынаргъ Ирыстоны цæрджытæ!
РЦИ-Аланийы Парламенты депутатты номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын Хетæджы Уастырджийы боны – нæ кадджындæр национ бæрæгбоны – нæ бирææнусон историон æмæ культурон хъæздыгдзинæдтæ æмæ фæлтæрты æнæскъуыйгæ бастдзинады нысаны фæдыл!
Уæлфæдзæхст къохыл армдарæг иу кæны адæмы, цавæр нацийæ сты æмæ цы диныл хæст сты, уый нæ нымайгæйæ, Хетæджы Уастырджийы бон бæрæг кæнынц нæ бирæнацион республикæйы цæрæг алы адæмыхæттыты минæвæрттæ.
Уæрæсейы адæмты иудзинады аз ацы бæрæгбонæн ис уæлдай бæрзонддæр нысаниуæг. Цæстыгагуыйау кæй хъахъхъæнæм, культурæтæ, æгъдæуттæ æмæ традициты бирæ хуызтæ – сты не стырдæр хæзна, Хетæджы Уастырджийы бон адæмы иу кæны уды хуыздæр миниуджытæ – хистæртæн кад кæнын, хиуæттыл аудын, уазæгуарзондзинад, сабыр æмæ хæлар цардмæ тырнындзинады бындурыл. Уыцы бон мах тынгдæр банкъарæм, нæ хъару нæ иудзинады кæй ис, нæ адæмы иумæйаг культурон бынтæм мæтгæнаг æмæ узæлаг цæстæй кæсын кæй хъæуы.
Ирыстоны алы рæттæй æрæмбырд уыдзысты адæм Хетæджы къохы, цæмæй не Скæнæгмæ скувой сыгъдæгзæрдæйæ, ракурой фæрныгад сæ бинонтæн, æнæниздзинад æмæ амонд сæ хиуæттæн. Хуыцаумæ дзæбæхæй фехъуысæнт сæ куывдтытæ!
Ацы рухс бæрæгбоны уын нæ зæрдæ зæгъы амонд, сабырдзинад æмæ фарн!
Зынаргъ Ирыстоны цæрджытæ! Царды рæсугъд фæндæгтыл цæугæйæ, фыдбылызæй хызт ут! Стыр Хуыцау æмæ сыгъзæринбазыр Уастырджи уын уæ куывдтытæ айсæнт!
ТУСКЪАТЫ Таймураз,
РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар
***
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас» зæрдиаг арфæ кæны Ирыстоны æппæт цæрджытæн, Цæгатæй Хуссармæ, нæ дард æмæ хæстæг æмбæстæгтæн Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны фæдыл!
Нæ фыдæлты рæсугъд æмæ кадджын бæрæгбон нæм æрцыд æнусты сæрты, æмæ уый, æнæмæнг, у нæ адæмы удварны хæзна, нæ иудзинады нысан!
Алы ирон хæдзары дæр зæрдиагæй цæттæ кæндзысты сæ кувинæгтæ, куывддонтæ цæудзысты Тымбыл хъæды дзуармæ.
Рæстудæй табу кæндзыстæм Дунесфæлдисæгмæ, курдзыстæм дзы Дунейы
сабырдзинад, æнæниздзинад, бæркад, бинонты цардамонд æмæ рухс фидæн нæ кæстæртæн, фæдзæхсдзыстæм ыл нæ хъайтар æфсæддонты, цæмæй сæрæгасæй, удфидарæй ссарой сæ къонатæ!
Зынаргъ æмзæххонтæ! Нæ сыгъдæгзæрдæ куывдтытæ фехъуысæнт Хуыцаумæ, æмæ уыл бæрæгбоны арфæтæ дзæбæхæй æрцæуæнт! Фæрнджын æмæ амондджын ут!
Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæ уæд!
Фриаты Хъазыбег,
«Аланты Ныхас»-ы Координацион советы сæрдар














