Боны фæткы – Уæрæсейы Банкимæ æмгуыстад

0
9

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис фембæлд статс-нымæрдар – Уæрæсейы Банчы сæрдары хæдивæг Алексей Гузновимæ. Ныхас цыдис æмгуыстады тыххæй.

Фембæлды ма архайдтой Уæрæсейы Банчы Хуссайраг сæйраг управленийы хицау Евгений Эберенц, Уæрæсейы Банчы Хуссайраг сæйраг управленийы РЦИ-Аланийы Национ банчы хайады разамонæг Дзиуаты Иринæ, республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова, экономикон рæзты министры хæдивæг Дзесты Марат.

Дзанайты Барис фæбæрæг кодта, Цæгат Ирыстон бæрзонд аргъ кæй кæны Уæрæсейы Банк æмæ йæ хайадимæ æмгуыстадæн.

– Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ уын мæхи номæй зæрдиаг салам зæгъын. Не ‘мгуыстадыл цæуы къорд азы, æмæ йын ис æвæрццæг фæстиуджытæ. Субъект алы къабæзты рæзты бæрæггæнæнтæ æвдисы. Уæрæхдæр кæнынц фысымуæтты, туризмы объектты, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æнæрмæджы (безналичный) фиддонты гæнæнтæ. Уыцы хъуыддагмæ ис лæмбынæг цæстдард. Уæрæсейы Банчы Цæгат Ирыстоны Национ банчы хайад æмæ Финансты министрадимæ мах архайæм нæ размæ æвæрд нысантæ сæххæст кæныныл. Арфæ уын кæнæм нæ регионæн æххуысы тыххæй. Мах цæттæ стæм дарддæры конструктивон диалогмæ æмæ Уæрæсейы Банчы хъæппæристæ нæ республикæйы æххæст кæнынмæ. Нæ кæройнаг нысан – нæ граждæнтæн цæрынæн нывыл, æнцонвадат уавæртæ саразын, – фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар.

Алексей Гузнов куыд загъта, афтæмæй, Уæрæсейы Банк адæмы финансон зонындзинæдтæ фæбæрзонддæр кæныны мадзæлттæ аразын æмæ иннæ фарстаты æнтыстджынæй кусы Цæгат Ирыстоны Хицауадимæ.

– Мах стыр аргъ кæнæм нæ иудадзыг æнтыстджын диалогæн, уый нын фадат дæтты, нæ размæ цы æрвылбоны хæстæ лæууы, уыдон æххæст кæнынæн. Абоны уавæр хынцгæйæ, граждæнты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн сæрмагонд нысаниуæг ис æнæрмæджы фиддонтæн. Цæмæй сыл адæм тагъддæр сахуыр уой, уый тыххæй та, махмæ гæсгæ, стратегион æгъдауæй ахсджиаг хъуыддаг у республикæйы Финансон ахуырдзинады центр саразын. Уыцы хъæппæрисыл ныридæгæн куыст цæуы, æмæ æххæстгонд æрцæудзæн 2027 азы. Ахæм центртæ æнтыстджынæй кусынц Уæрæсейы Федерацийы бирæ регионты, æмæ сæ архайды æвæрццæг фæстиуджытæ зынынц, – загъта Алексей Гузнов.

Финансон ахуырдзинады центры нысан у финансон ахуырдзинады сферæйы паддзахадон политикæ æмæ граждæнты финансон культурæйы рæзт. Абон республикæйы кусы ведомствæты ‘хсæн координацион къамис, æххæст кæны Цæгат Ирыстоны финансон ахуырдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны стратеги 2030 азмæ. Ног стратегийы сæйраг нысантæй иу у экономикон æгъдауæй активон адæмы финансон культурæйы рæзт.

Фембæлды архайджытæ баныхас кодтой дарддæры æмгуыстад æмæ Уæрæсейы Банчы проектты республикæйы архайды тыххæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here