Нæ рæстæджы сивыр, пирæн, кæнæ тынуафæн музейæ дарддæр никуыуал ис фенæн. Пайда дæр ма дзы стæмтæ кæнынц. Майрæмададжы библиотекæйы сæргълæууæг Джериаты Светланæ алы рæттæй цы рагон хæдзары дзаумæттæ сæмбырд кодта, уыдонæй сарæзта чысыл хъæууон музей. Экспонаттæ сты, æнусы размæ кæмæй пайда кодтой, ахæм дзаумæттæ. Библиотекæйы агъуыст зæронд у, музей ис йæ мидæг, у самандурæй амад. Чи зоны, уымæн ахады тынгдæр æрбацæуæджы цæсты.
– Арæх мын фæзæгъынц музеймæ æрбацæуджытæ, ам нын æхцон у, зæгъгæ. Мидæмæ йæм бахизгæйæ, цыма адæймаджы утæхсæн музейы дуары æрбахгæдимæ цыдæр фæвæййы, – ивгъуыд рæстæджы царды æвдисæнтæм кæсгæйæ хъуыдытæ фескъуыдта Светланæйы ныхас. Ног чъырæйцагъд æмæ ахорæнты тæфæй нырма агъуысты уæлдæф кæронмæ нæма асыгъдæг, хъæдын пъолыл та уыд сырх дарийы хуызæн гауыз тыд.
Музейы экспонаттæ рæнхъæй æвæрд, тавынц æрбацæуæджы зæрдæ, рухс кæнынц уды талынг къуымтæ. Уæртæ уый – Джызæлæй ласт сивыр, йæ фарсмæ – къулыл ауындзгæ фæтæгены цырæгътæ, суанг ма дзы, зынг нывæргæйæ иту кæмæй æвæрдтой, уыцы экспонат дæр ис фенæн:
– Сывæллæттæ йæ доны был сæхи найгæйæ ссардтой, æмæ йæ æрбахастой. Кусын куы райдыдтон, уæд Санаты Полимæ уыд фыдæлтыккон пирæн. Æри-ма йæ, цы дзы кæныс, пиргæ дзы куы нал кæныс къуымбил, тинтычъи, зæгъгæ, йæ рахастон. Хъæуы цæрджытæй мæм чи къæрæмис хаста, чи – хырх. Адæм куы бамбæрстой, цы мæ фæнды скæнын, уæд сæ хæссын райдыдтой: фыдæлтыккон хæдзары дзауматæ, йæ къухы кæмæн цы ‘фтыд, æппæт уыдæттæ. Хабæты Тъох, Плиты Лидæ, Хуыдиаты Эльбрус, суанг ма сывæллæттæ дæр. Быгъуылты Хасæхъойы чызг хæцъил дзабыртæ ратта музейæн, цæнгæт дæр ын æрбахастой лæварæн, –зæгъы хæдбындур культурæйы артдзæст саразæг.
Цæст æрхæцыд чысыл хъæдæй конд фæндырыл, йæ бакастмæ гæсгæ йыл, æппынкъаддæр, цæуы æнус. Базыдтам, фæндыр Осмæнты Таисæйы мады мады кæй уыд, цæгъдын дæр ыл афæлвæрдтам, фæлæ уал азмæ цы музыкалон хæйттæй конд у, уыдон йæ мидæг нал бæззынц. Чи зоны, фæндыртæм чи зилы, уыцы дæсны йæм лæмбынæг æркæсгæйæ куы базилид, уæд ын ног цард раттид…
Светланæйы ныхæстæм гæсгæ, ацæргæ адæм уарзынц музеймæ цæуын. Æхцондзинад дзы исынц ам бадгæйæ, кæрæдзийæн сæ зæрдæбын ныхæстæ кæнгæйæ, раздахæн кæмæн нал ис, уыцы рæстæг мысгæйæ:
– Йæ дзабыртæ раласын дæр никæй бауадзын, дон – бирæ. Иу бон та мæм æрыгон лæппу æрбацыд, æмæ мын афтæ, цыма, дам, дзы бирæ адæм ис, афтæ мæм кæсы, – йæ ныхас дарддæр хæццæ кæны сылгоймаг.
Æртын фондз азы кусы библиотекæйы сæргълæууæгæй, уымæй размæ та, бынæттон скъолайы уыд пионерты раздзог. Йæ кусæн бынат куы аивта, уæд, фыццаджыдæр, базылд зæронд бæстыхаймæ, бацалцæг æй кодта. Нæ бацыдмæ æхгæд уыд, ныр сæрды улæфæн бонтæ сты, фæлæ йын куы фехъусын кодтой, «Рæстдзинад»-ы газетæй нæм уацхæссæг æрцæудзæн, уæд йæ хъуыддæгтæ ныууагъта, æмæ йæ хæрззылд кусæн бынатмæ ратындзыдта.
Хъæууон интеллигенцийы минæвæртты хуымæтæджы нæ хуыдтой æмæ хонынц царды бындур, йæ цæджындз. Уазæг, дам, иу хатт цы фены, алы хатт дæр афтæ у, æнхъæл вæййы. Зæрдæ дарæм, Майрæмададжы цы чысыл культурæйы артдзæсты архайдæн уыдыстæм æвдисæн, уымæн йæ цæхæр кæй никæд бамынæг уыдзæн.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ













