Иуæндæс азы размæ, сæрды фыццаг бонты Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом республикон геронтологон центр. Æрбынæттон ис, раздæры партийы обкомы рынчындон кæм уыдис, уыцы бæстыхайы. Абон ацы центр у, Цæгат Кавказы æмбал кæмæн нæй, Ирыстоны хистæр кары адæмæн алывæрсыг лæггад чи кæны, ахæм социалон-реабилитацион куыстуат.
Уал азмæ цал æмæ цал адæймагæн барухс кодта йæ зæрдæ, сæ иузæрдион лæггады тыххæй æрмæст арфæйы ныхæстæ хъусынц центры кусджытæ! Уымæн нæхæдæг дæр уыдыстæм æвдисæн. Райдзаст æмæ хæрзаив у йæ алы къуым дæр, йæ бахизæнтæ, йæ уæрæх цъæхвæлыст кæрт фидауы бирæ алыхуызон дидинджытæй. Хуымæтæджы нæ абалц кодтам ацы центрмæ. Редакцимæ телефонæй æрбадзырдтой, геронтологон центры кусджытæн сæ удуæлдай лæггады тыххæй бузныджы ныхæстæ зæгъын кæй бафæндыд, уыцы адæм. Фыццаджыдæр уал фембæлдыстæм медицинон куыстуаты сæйраг дохтыр Цæллагты Людмилæимæ.
– Æппæт коллективæй дæр нæ сæйраг хæсыл нымайæм хистæр кары адæмæн лæггад кæнын. Хæрзхъæд æмæ пайдайаг медицинон æххуысæн нæм ис бирæ гæнæнтæ. Æрæджы та ма нæ уавæртæ ноджы фæуæрæхдæр сты, «гостиничный» кæй хонæм, ахæм лæггадæн лицензи райстам. Кæд ныридæгæн æрмæст социалон уазджытимæ куыстам, уæд ныр гом стæм горæты цæрджытæн, туристтæн. 2023 азæй та реабилитацион программæмæ гæсгæ æххуыс кæнæм сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн дæр.
Азтæ сæ уæз куы ’руадзынц адæймагыл, уæд бирæ хъуыддæгтæй фæхицæн вæййы, низтæ йыл стыхджын вæййынц æмæ, цæмæй махæй уæнгрогæй, цардбæллонæй ацæуой сæ хæдзæрттæм, ууыл зæрдиагæй архайæм.
Нырыккон медицинон ифтонггæрзтыл кусынц хорз цæттæгонд специалисттæ. Сæрыстырæй зæгъдзынæн, нæ физиотерапийы хайад, нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт галокамерæ, биоэнергетикон китайаг массаж, гирудо- æмæ рефлексотерапия æмæ æндæр æнæмæнгхъæугæ лæггæдты тыххæй. Тынг хорз кусынц психолог æмæ психотерапевт, неврологтæ, цæстыты дохтыр, ревматолог, терапевттæ.
Ис нæм 16 социалон кусæджы, уыдон фыццаг бонæй фæстæмæ алывæрсыг æххуыс кæнынц хистæртæн. Уымæй дæр хицæн кæнæм нæ санаторитæй.
Нæ уазджыты ’хсæн вæййы зындгонд адæмтæ дæр. Ууыл дзурæг у, центры 10 азы юбилеймæ цы стендтæ бацæттæ кодтам, уый.
Фыццæгты герантологон центры уазджытæн хæринаг рынчындоны хуызæн хастой сæ уатмæ. Цалдæр азы размæ сарæзтам
хæрзаив хæрæндон, цæмæй ма нæ уазджытæн ноджыдæр фадат уа иумæ фембæлынæн, хъæлдзæг ныхас акæнынæн.
Боны процедурæтæ куы фæвæййынц, уæд сын алыхуызон ирхæфсæн мадзæлттæ цæттæ кæны нæ музыкалон кусæг, – загъта сæйраг дохтыр æмæ ма бафтыдта, æхсызгон сæ кæй хъæуы æмбырдтæаразæн зал æмæ доны процедурæтæн бассейн.
Фехъусынæй фенын хуыздæр у, фæзæгъынц. Хæрзæфснайд тыргъты бирæ дидинджытæ, дыууæбынатон уæтты фæлмæн хуыссæнтæ, телевизор, уазалгæнæн, хинайæн хъарм æмæ уазал донимæ.
– Æрмæстдæр арфæйы ныхæстæ зæгъæн ис ацы центры кусджытæн, раст цыма сæ тугхæстæг стæм, афтæ нæм хиуæттау кæсынц иууылдæр, цы ма уа уымæй æхсызгондæр адæймагæн? Алы бон дæр пайдаджынæй æрвитæм, мæхи бирæ хуыздæр æнкъарын, – зæгъы æрыдойнаг Æлбегаты-Бæцойты Розæ.
– Æнæмæнг та иннæ хатт дæр æрбацæудзынæн ардæм. Тынг лæмбынæг кæсынц не ’нæниз-дзинадмæ, рæвдаугæйæ нæм дзурынц. Бон æртæ хатты нын хæрзад хойраг цæттæ кæнынц, æмæ сын – бузныг. Сæ амынд хостæ æмæ процедурæтæ нын хорз æххуыс сты, – бафтыдтой Розæйы ныхасмæ йæ хъæуккаг Баскаты Римæ æмæ Бибылты Замирæ.
Куыд базыдтам, афтæмæй афæдзмæ ацы центры сæхи дзæбæх кæнынмæ, æхсызгон рæстæг æрвитынмæ ‘рбацæуы 1200 адæймаджы бæрц. Цæмæй балцæг райсай, уый тыххæй пенсийы кары адæймаг кæм цæры, уыцы районы социалон рæзты управленимæ бацæуа. Уым баххуыс кæндзысты хъæугæ документтæ сæмбырд кæнынæн, федералон закъонмæ гæсгæ балцæгæн бафидын хъæуы йæ пенсийæ иу хай.
Республикон геронтологон центр нæй схонæн зæрæдты хæдзар, уæдæ рынчындон дæр нæу. Растдæр уыдзæн, алцæмæй ифтонг социалон-медицинон æххуыс кæм кæнынц, ахæм фæлладуадзæн бынат.
Гугкаты Жаннæ,
къамтæ систа Татьяна шеходанова














