Артагæвгæнæн-энергетикон базарады уавæр

0
22

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд республикæйы артагæвгæнæн станцæты разамонджытимæ. Боны фæткмæ рахастой артаджы-энергетикон базарады уавæр.

Ныхасы ма архайдтой республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур, «Роспотребнадзор»-ы федералон управленийы службæйы разамонæг Цæгат Ирыстоны – Тыбылты Алан, Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады паддзахадон управленийы регионалон сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Веретенников, Граждайнаг хъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты комитеты сæрдар Александр Хоружий æмæ Транспортон комитеты сæрдар Закаты Алан.

Æмбырды архайджытимæ ныхас кæнгæйæ, Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй нефты продуктты æргъты сырæзт æруадзæн нæй.

– Бензинимæ баст уавæр хуымæтæг нæу, фæлæ нæ бон цы у, уымæй йыл архайæм. Фарстатæ сæвзæры, хицæн адæймæгты къухы цы артагæвгæнæн станцæтæ ис, уыдонмæ. Кæд паддзахадæн йæ бар кæуыл цæуы, уыцы артагæвгæнæн станцæты бензины аргъ бæрæг у, уæд хицæн адæймæгты къухы чи ис, уым æргътæ уæлæмæ цæуынц. Ныры уавæрты уымæн уæвæн нæй. Республикæйы цæрджытæй бирæ хъæстытæ æрбацæуы, уымæ гæсгæ та ногæй сидын уе ’ппæтмæ дæр, цæрджыты артагæй ифтонг кæныныл æмæ æнæзакъонæй нефты продуктты æргътæ уæлæмæ исыны ныхмæ тох кæныныл бæрнондæрæй бацархайæм, – бахахх кодта Цæгат
Ирыстоны Сæргълæууæг.

Ноджы ма æркастысты, артаджы фæстауæрц къаддæр куыд нæ кæна, ахæм уæлæмхасæн артагæвгæнæн станцæты куыстимæ баст фарстатæм.

Республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад уавæрмæ йæ цæст дары, æрвылбон дæр зылд цæуы артагæвгæнæн станцæтыл, исынц видео æрмæг, бензин ис æви нæй, йæ аргъ, æмæ ма хæдтулгæтæ рады цас лæууынц, уый тыххæй дæр. Уымæй уæлдай ма, оперативон æгъдауæй æмбырдгонд цæуынц, артаг æввонггонд  куыд цæуы, уый бæрæггæнæнтæ. Рейдтæ профилон ведомствæ аразы Монополонты ныхмæ федералон службæйы управлени Цæгат Ирыстоны, «Ростехнадзор»-ы кавказаг управлени, Транспорты комитет, республикæйы «Роспотребнадзор» æмæ «Росприроднадзор»-ы управленитимæ иумæ.

Сергей Меняйло бафæдзæхста, æрвылбон дæр артаджы уавæрмæ цæст дарын æмæ оперативон æгъдауæй фарстатæ лыг кæнын, цæмæй артаджы хъуагдзинад æмæ æргъты рæзт ма æрцæуа.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here