Æрыдоны районы – ног сæргълæууæг

0
17

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд Æрыдоны районы цæрджытимæ. Уыцы фембæлды ма архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг ГОБЕТЫ Ибрагим, районы ног равзæрст сæргълæууæг ИЛАТЫ Марат, Æрыдоны районы муниципалон сконды бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæг БАСИТЫ Владислав, хицаудзинад æххæстгæнæг æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты, барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарды оргæнты, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Уыцы фембæлдæй иу бон размæ Илаты Мараты Æрыдоны районы сæргълæууæгæй равзарыны тыххæй йæ кандидатурæйы фарс сусæгæй хъæлæс кæныны уагæй рахæцыдысты районы Минæвæртты æмбырды депутаттæн сæ фылдæр.

Æмбырд гом кæнгæйæ, Сергей Меняйло арфæ ракодта районы раздæры сæргълæууæг Мæрзаты Владиславæн, стæй æмбырды архайджытæм бавдыста районы ног сæргълæууæг – Илаты Мараты.

– Районы сæргълæууæджы бынат ныры онг ахсæг Мæрзаты Владиславæн йæ куысты тыххæй кæнын зæрдæбын арфæ. Республикæйы районты ‘хсæн Æрыдоны район, йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, у сæ хуыздæртæй. Фæлæ хорзæн кæрон нæй, æмæ хъæуы дарддæр цæуын. Мæ зæрдæ дарын, ног сæргълæууæг рæзты уыцы фæндагыл район кæй акæндзæн, æмæ ноджы фылдæр, ноджы бæрзонддæр бæрæггæнæнтæ къухы кæй бафтдзысты, уымæй. Марат йæхи иттæг хорз равдыста, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ. Зонгæ дæр уым баистæм. Йæ архайд ног бынаты дæр æнтыстджын кæй уыдзæн, уый æппындæр гуырысхойаг нæу. Арфæ йын кæнын йæ ног бынаты фæдыл, æмæ йын æнтыстджын уæд, районæн та – ног хæрзтæ хæссæг, – загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй нæ республикæйы бынæттон хиуынаффæйады къабазы бирæ æнтыстыты тыххæй Мæрзаты Владиславæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы муниципалон службæйы сгуыхт кусæджы» кадджын ном.

Уымæй уæлдай, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæгæй хорзæхджын æрцыд Æрыдоны районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы документтæ æмæ протоколтæ цæттæ кæныны хайады хицау Лекъты Кристинæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here