РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд нæ дзюдоисттæ ТАСОЙТЫ Инал æмæ ТАЙМАЗТЫ Мæдинæимæ.
Нæ зындгонд спортсментæ æнтыстджынæй рахæцыдысты дунеон чемпионаты Бакуйы. Афтæмæй, ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Тасойты Инал рамбылдта сыгъзæрин майдан æмæ 100 килограммы уæзы спортсменты къорды æртыккаг хатт ссис дунейы чемпион. Таймазты Мæдинæ та 70 килограммы уæзы спортсменты къорды рамбылдта бронзæ майдан.
Сергей Меняйло сын арфæ ракодта сæ спортивон æнтыстыты фæдыл.
– Дунеон ерысты спортивон гауызыл куыд хæцут, уымæ мæ цæст дарын æмæ уын уе ‘нтыстыл зæрдиагæй бацин кæнын. Алы майдан, тренировкæтæ цы бирæ тых æмæ хъару домынц, уый дæр зонын. Нæ Ирыстонæн стут кадхæссæг, Уæрæсейы ном бæрзонд сисут дунеон ерысты, æмæ уæ не ‘ппæт дæр сæрыстыр стæм, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Сергей Меняйло Тасойты Иналы схорзæхджын кодта майдан «Ирыстоны намысæн»-æй. Сæ фембæлды кæронбæттæны бафиппайдта, ирыстойнаг дзюдоистты æнтыстытæ нæ республикæйы спорт размæ ракæнынæн кæй сты тынг ахсджиаг, æрыгон спортсментæн та – цæвиттойнаг.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














