Ирон æвзаджы райрæзтæн

0
2

Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Алыбегты Эллæ æхсæнады минæвæрттæ æмæ Ирон æвзажы центры кусджытимæ æрныхас кодта мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ фæсивæды ‘хсæн парахат кæныны фарстатыл.

Нæ хæс у канд сæмбырдгонд фæлтæрддзинад бахъахъхъæнын нæ, фæлæ ма, рæзгæ фæлтæр се ’ргом ирон æвзагмæ кæй фæрцы аздахдзысты, куысты ахæм нырыккон хуызтæй пайда кæнын дæр. Хицæнæй æрныхас кодтой мæнæ ахæм фарстатыл:

Фыццаг – ирон æвзаг скъолайы агъоммæ карæй фæстæмæ ахуыр кæнын. Сабитæ ирон æвзагимæ цæмæй рæвдауæндоны базонгæ уой æмæ сын ахуырад цæмæй цымыдисаг уа, уыдæттыл хъæуы бацархайын.

Дыккаг – ирон æвзаджы нымæцон ахуырадон бындур саразын æмбæлы (ацы бындурæй канд ахуыргæнæндæтты нæ, фæлæ ма дзы адæм хæдбарæй дæр куыд пайда кæной, афтæ).

Æртыккаг – Нарты кадджытæй ахуырадон æмæ хъомыладон куысты пайда кæнын. Фæсивæд æвæджиауы культурон хæзнайыл нымад Нарты кадджытимæ хъуамæ базонгæ уой канд ахуыргæнæн чингуыты нæ, фæлæ ма нырыккон ифтонггæрзты фæрцы дæр.

Ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл куыст хъуамæ иуæй-иу дзыллон мадзæлттæй æмæ ахуырадон программæтæй ма ахицæн уа. Педагогты, ахуыргæндты, æхсæнад æмæ бинонты чи баиу кæндзæн, куысты ахæм мадзæлттæй пайда кæнын хъæуы. Нæ хæс у бæлвырд хæслæвæрдтæ рабæрæг кæнын æмæ сæ къæпхæнгай æххæст кæнын.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here