Фыдæлты фарнæй – хайджын

0
27

«Фарн уæм бадзурæд! Фæрнæйдзаг ут! Фарн уæ хæдзары уæд! Фарн уæ куысты! Фарн фæцæуы! Ацы рагон ирон дзырд бирæ æмбарынæдтимæ баст у, фæлæ сæйрагдæр нысан кæны хорздзинад». Ацы ныхæстæй райдыдта, республикæйы Ветеранты хæдзары клуб «Фарн»-ы фыццаг фембæлд. Йæ архайджытæ – Ветеранты хæдзар лæггад кæмæн кæны æмæ ардæм æнæзивæгæй чи цæуы, уыцы хистæр кары адæм, стæй фæсивæды минæвæрттæ. Фембæлды сæйраг темæ ацы хатт баст уыдис ирон чындзæхсæвы рæсугъд æгъдæуттимæ. Бæрæгбон дæсны амыдта Ветеранты хæдзары директоры хæдивæг Тедеты Ритæ.

Уазджытæн зæрдæбын арфæ ракодта Уастырджийы кувæн бонты фæдыл «Аланты Ныхас»-ы сæрдар Фриаты Хъазыбег.

– Уæ хæдзæртты бæркад æмæ фарн уæд! Ацы ныхæстæ алы ирон адæймагæн дæр арф æвæрд сты йæ зæрдæйы. Алы комæй рацæугæ стæм. Фæлæ не ‘гъдау хъуамæ иу уа. Уый нын нæ фыдæлты фæдзæхст у. Цы нæ зонут, уый чингуыты ис бакæсæн, бафæрсæн ис, чи зоны, уый. Сыгъдæг зæрдæйæ кувæм Хуыцаумæ – уый сæйрагдæр у, – загъта Хъазыбег ææ цыбырæй радзырдта ирон чындзхасты æгъдæутты тыххæй.

– Раздæр-иу сиахсы чындзæхсæвы ничи федтаид. Æрмæст сусæг цыды уыдис сæйраг архайæг. Чызджытæ йын скæнынц хъайла, цæхджын, судзаг, хъуамæ дзы сахода æмæ йæ балхæна. Афтæ хъæлдзæгæй зонгæ кодта йæ ног хæстæджытимæ, – радзырдта бæрæгбон амонæг.

Тынг цымыдисæй хъуыстой иууылдæр Национ музейы экспозициты хайады сæргълæууæг Гуыбаты Беллæйы раныхасмæ. Ахуыргонд сылгоймаг сагъæс кæны, фыдæлты фарны фидар-дзинадæн, нацийы рæзтæн цы хъæуы, уыцы хъуыддаг къуырцдзæвæнмæ кæй цæуы, ууыл. Ноггуырдты нымæц нæм – тынг гыццыл, нæ фæсивæд бинонтæ кæнынмæ нæ тагъд кæнынц, сæ 40 проценты иунæгæй баззадысты, кæнæ æнæрхъуыдыйæ уайтагъд ахицæн вæййынц.

– Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ фарстой чындз кæнæ лæппуйы хæдзарвæндагæй, цы кад сын ис адæмы ’хсæн, уымæй.

– Ирон чындз къахæй сæрмæ у зæды хуызæн. Йæ уæлæдарæсы алы хай дæр цыдæр нысан кæны. Ныр ресторанты цы равдыстытæ саразынц, уыдонæн бындур нæй. Рæхысы алыварс-иу чындзы раздæр æрзилын кодтой йæхи, стæй та йæ ног бинонты хæдзары. Хыз-иу систой фатæй æмæ-иу æй, къонайы сæрмæ фæздæгцæуынæн цы гом бынат уыдис, уырдыгæй æддæмæ фехстой. Сылгоймагæн рагæй дæр стыр кад уыдис, – дзырдта Гуыбаты Беллæ æмæ лæмбынæг æрдзырдта рæсугъд æмæ рагон æгъдау – чындзæн хызист, донхæссæнтæ æмæ мыдыкъусы нысаниуæгыл. Æнæмæнг, алы æгъдау дæр фидыдта æртæ чъирийæ.

Рæсугъд ирон кафт «Хонгæ» акодтой Тотраты Инал æмæ Беккуызарты Таисия.

– Ахæм фембæлдтытæ æнæмæнг, хъæугæ кæнынц. Ног зонындзинæдтæ райстам. Мах нырма фыццаг къахдзæфтæ кæнæм царды, æмæ цæмæй ныфсджын уæм, уый тыххæй хъуамæ зонæм æмæ аргъ кæнæм нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæн. Бузныг ацы æмбырд саразджытæн, – загъта Дзæуджыхъæуы Разамынды колледжы 1-æм курсы студенткæ, фидæны юрист Джиголаты Мария.

– Нæ куыст аразæм регионалон программæ «Активное долголетие»-мæ гæсгæ. Хистæр кары адæм цæмæй сæ рæстæг æхсызгонæй æрвитой, ууыл архайæм.

Клуб «Фарн» саразыны хъуыды нæм фæзындис, нæ фыццаг фембæлд амондимæ уæд. Æрвылмæй дæр æмбырд кæндзыстæм. Фæнды нæ, цæмæй нæ фыдæлты фарн фидарæй-фидардæр кæна, цæмæй фæлтæрты ’хсæн бастдзинад ма фехæла, – загъта Тедеты Ритæ.

Æмбырды архайджытæй алкæмæн дæр фадат уыдис йæ хъуыдытæ, йæ фиппаинæгтæ зæгъынæн.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here