РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд амыдта, уым ныхас цыдис нæ республикæйы æхсæнадон транспорты фарстатыл, уæлдайдæр, Дзæуджыхъæуы цæрджытæн транспортон лæггæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыцы хъуыддагыл.
Æмбырды архайдтой: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Ирбег, РЦИ-Аланийы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова, РЦИ-Аланийы Транспорты комитеты сæрдар Захъаты Алан, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæуджытæ, бынæттон администрацийы сæргълæууæг Хъараты Тимур, профилон организацитæ æмæ транспортон куыстуæтты минæвæрттæ.
Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй, æнæмæнг, бæлццæттæн лæггад кæныны фарстатæ æххæст кæнын хъæуы.
– Нæ республикæйы транспортон системæйы рæзтыл бирæ кусæм. Амал кæнæм ног æмæ нырыккон транспорт. Æнæмæнг, хъæуы граждæнтæн транспортон лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнын, нæ сæйраг хæс у афтæ бацархайын, æмæ Ирыстоны цæрджытæ транспорты куысты фæдыл хъаст ма кæной. Ахæм хæс нын, комплексон транспортон реформæйы бындурыл нæ размæ сæвæрдта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Бæлццæтты æдасдзинад æмæ хæрзвадæттæ – адон сты æнæивгæ домæнтæ, – загъта Дзанайы-фырт.
Æмбырды кæронбæттæны хатдзæгтæм гæсгæ, Хицауады Сæрдар РЦИ-Аланийы Транспорты комитетæн бахæс кодта бæлццæттæ ласыны хæрзхъæддзинадмæ фылдæр æргом аздахын. Премьер-министр ма фæнысан кодта, ацы куысты кæй хъæуы комплексон архайд æмæ бæрæггонд лыггæнинаг фарстатæ бæлвырддæр æххæст кæнын. Сæйрагдæрыл нымад цæуынц, æхсæнадон транспорты иугæндзон, æнæкъуылымпы æнцонвадат æмæ хæрзхъæд куыст.
Саутæты Тамилæ














