Уæрæсейы сбæрæг кæндзысты Гæздæнты Гайтойы райгуырды 125 азы бон

0
15

Фидæн аз Уæрæсейы сбæрæг кæндзысты Гæздæнты Гайтойы райгуырды 125 азы бон. Уый тыххæй Указ бафыста Уæрæсейы Президент Владимир Путин, документ мыхуыргонд æрцыд барадон актты официалон интернет-порталы.

Зæрдылдарæн бон фидаргонд æрцыд Гæздæнты Гайтойы стыр бавæрæн фыдыбæстаг æмæ дунеон литературæйы рæзтмæ.

Указмæ гæсгæ Хицауадæн фæдзæхст æрцыд æртæ мæйы æмгъуыдмæ юбилеймæ цæттæгæнæн организацион комитет саразын, стæй сæйрагдæр мадзæлтты пълан сцæттæ кæнын æмæ сфидар кæнын. Регионты паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ æмæ бынæттон хицауад хъуамæ активонæй архайой бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн мадзæлтты, хъусын кæны ТАСС.

Раздæр Ossetia News фехъусын кодта, Дзæуджыхъæуы фыссæг Гæздæнты Гайтойæн цыртдзæвæн æвæрд кæй æрцыд. Йæ сæвæрыны хъæппæрисы автортæ сты меценаттæ Дзгойты Валери æмæ Пухаты Олег.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here