Журнал «Национ колорит»-ы ног номыр

0
365

Ирыстоны нӕртон хъӕбул Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы юбилеймӕ нӕ республикӕйы газетты ӕмӕ литературон журналты мыхуыргонд цӕуы бирӕ цымыдисаг ӕмӕ хъӕугӕ ӕрмӕджытӕ. Уыдоны фӕрцы нӕм ирддӕрӕй разыны йӕ фӕлгонц. Къостайӕн кад кӕныны хъуыддаджы, ирон дзырдаивады ӕмӕ журналистикӕйы дӕснытӕй, дӕлдӕр не ‘рлӕууыдысты нӕ нывгӕнджытӕ дӕр.

Уыдон ацы азы райдайӕн, йӕ номимӕ баст равдыстытӕ аразынӕй уӕлдай, ӕрӕджы мыхуыры рауагътой се сфӕлдыстадон цӕдисы журнал «Национ колорит»-ы фыццаг номыр. Йӕ цъарыл разӕй — Къостайы аив портрет.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй не скульптортӕй поэты фӕлгонц, йӕ аивады уӕлдай арӕхдӕр ӕвдисы УФ-йы сгуыхт ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон нывгӕнӕг Дзбойты Михал. Журнал сфидыдта йӕ скульптурон композициты къамтӕй. Журналы бакӕсӕн ис газет «Рӕстдзинад»-ы хистӕр уацхӕссӕг, УФ-йы Журналистты цӕдисы уӕнг Гасанты Валерийы уац: «Йӕ цард нын у ӕппӕтӕй дӕр бафӕзминаг». Автор дзы зӕгъы, йӕ хъуыды Къостайы дуг ӕмӕ абоны ӕхсӕнады йӕ ном цы бынат ахсы, уый тыххӕй.

Филологон наукӕты кандидат Сӕлбиты Тамир та йӕ уацы фыссы, Къостайы цард ӕмӕ алывӕрсыг сфӕлдыстадон гӕнӕнты ‘хсӕн цавӕр бастдзинад ис, абон ын не сфӕлдыстадон интеллигенци цы аргъ кӕнынц, иумӕйагӕй йе сгуыхт цӕй мидӕг ис, ууыл. Ацы уац канд факттӕй ӕмӕ ахуыргонды хи цӕстӕнгас ӕвдисӕг хъуыдытӕй мидисджын нӕу, фӕлӕ ма Къостайӕн йӕхи сфӕлдыстадӕй ист нывтӕй, къамтӕй.

Къостайы гениалон ӕрмдзӕф, йӕ сурӕт, куыд нывкӕнынады, скульптурӕйы, афтӕ графикон куыстыты нӕ нывгӕнджыты ныры фӕлтӕр цас аив ӕмӕ уырнинагӕй ӕвдисынц, уый тыххӕй иртасӕн уац бакӕсӕн ис ацы журналы. Йӕ автор у аивадиртасӕг Хъариаты Мӕдинӕ.

Журнал «Национ колорит»-ӕн, куыд йӕ алы номыр, афтӕ Къостайы номимӕ баст сӕрмагонд тематикон рауагъд рауад мидисджын. Уымӕ гӕсгӕ йӕ нывгӕнджытӕ, аивадиртасджытӕ, студенттӕ, скъоладзаутӕ, аивадуарзджытӕ, Къостайы ном ӕмӕ курдиатӕн аргъгӕнӕг дзыллӕтӕ ӕхсызгонӕй бакӕсдзысты.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here