Фæсивæдон политикæйы хуыздæр архайджытæн – хæрзиуджытæ

0
8

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис ратта дипломтæ Цæгат Ирыстоны Хицауады премийы лауреаттæн фæсивæдон политикæйы. Сæрмагонд къамис конкурсы архайджытæй равзæрста, Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæсивæдон политикæйы рæзт æмæ æххæст кæнынмæ стыр бавæрæн чи бахаста, ахæм æртæ уæлахиздзауы.

Курдиатджын æмæ хъæппæрисджын фæсивæдæн æххуысы тыххæй хорзæхджын ссис паддзахадон бюджетон куыстуат «Хъæлдзæг æмæ цыргъзондты клубы фæсивæдон театр»-ы директоры хæдивæг Æгайты Эльберд.

Преми саккаг кодтой Акъоты Батрадзæн – Æппæтуæрæсеон æхсæнадон змæлд «Адæмон фронт «Уæрæсейы тыххæй»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады фæсивæдон проектты координаторæн граждайнаг-патриотон хъомылады алыхуызон формæты рæзтæн æххуысы тыххæй, стæй Беслæны цыппæрæм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Индирæйæн.

Дзанайты Барис зæрдиаг арфæ ракодта хæрзиуджытæ райсджытæн.

– Абон Цæгат Ирыстоны фæсивæдмæ стыр æргом здæхт цæуы. Сымах стут фæллойуарзаг, сæрæн, ирд æмæ алкæддæр цæттæ – цард хуыздæрырдæм ивынмæ. Нæ республикæйы алы къабазы дæр цы æвæрццæг ивддзинæдтæ цæуы, уыимæ – регионы егъау программæтæ æмæ проекты архайды фæстиуæгæн, уыдон уынæм. Субъекты рæзт махæй не ‘ппæтæй дæр кæнгæ у, уымæ гæсгæ, нæ сæргъы регионы разамонæг Сергей Меняйло, афтæмæй архайæм уыцы ахсджиаг хæс сæххæст кæныныл. Сæйрагдæр у, нæ размæ цы фарстатæ лæууы, куыд федералон, афтæ регионалон нысаниуæгимæ, уыдон сæрæнæй лыггонд цæуынц. Уыцы ахсджиаг хъуыддаджы фæсивæд хъуамæ архайа, уымæн æмæ сымах нæ фидæн стут. Æз стыр æхсызгондзинадимæ дæттын хæрзиуджытæ, сымах уыдоны аккаг стут. Уæ куыстæн уын иумæйагæй саргъ кодтой Парламент, Фæсивæды хъуыддæгты комитет æмæ комитеты дæлхайæдтæ регионы. Стыр бузныг уын уæ куыст æмæ, нæ уарзон республикæйы рæзты фарстатæм куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсут, уый тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ, цымыдисаг проекттæ, царды хорздзинæдтæй хайджын ут, – арфæ ракодта премьер-министр.

Мадзалы архайдтой Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джусойты Руслан, Цæгат Ирыстоны Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар Джиоты Георги, «Фыццæгты змæлд»-ы регионалон хайады советы сæрдар Хъесаты Ирыстон æмæ фæсивæдон организациты активон архайджытæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, РЦИ-Аланийы Хицауады преми фæсивæдон политикæйы лæвæрд цæуы æрвылаз 2006 азæй фæсивæдон политикæйы къабазы архайджыты разæнгард кæныны тыххæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here