«Тынг арӕх уӕ бахъӕуы вазыгджын ӕмӕ бӕрнон уынаффӕтӕ хӕссын, уӕхи цардӕн тӕссаг вӕййы, афтӕмӕй, фӕстӕмӕ нӕ фӕкӕсгӕйӕ, балӕуут ӕппӕты уӕззаудӕр ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цауты. Уӕ куыст баст у мингай адӕймӕгты ӕнӕниздзинад ӕмӕ цард бахъахъхъӕнынимӕ. Паддзахадон хӕрзиуджыты аккаг стут, ӕхсызгон мын у уыдон уын раттын», — знон РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады цӕгатирыстойнаг управленийы кусджытимӕ ӕмӕ сын арфӕ ракодта се сгуыхтдзинӕдты тыххӕй.
Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Президент Владимир Путины Указӕй ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты куыстадон хӕс ӕххӕст кӕнгӕйӕ, лӕгдзинад ӕмӕ ӕвзыгъддзинад равдисӕг службӕгӕнджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты паддзахадон хӕрзиуджытӕй. «Александр Ермаковы ацы хӕрзиуӕг йӕ бинонтӕн нал раздахдзӕн, фӕлӕ йӕ кӕстӕртӕ кӕддӕриддӕр зондзысты, сӕ фыд лӕгдзинад кӕй равдыста ӕмӕ, паддзахадон исбон хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕй фӕмард, уый. Ацы хӕрзиуджытӕ ӕвдисынц, бӕстӕ ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ уӕ хъазуатон архайдӕй сӕрыстыр кӕй сты, уый. Уӕ куыстадон хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, кӕддӕриддӕр фыдбылызӕй хызт ут, уӕ цӕттӕдзинад къаддӕр ма уӕд, адӕмӕн стыр ныфс стут, ӕмӕ уын стыр бузныг уӕд», — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.
Уый ма арфӕ ракодта управленийы разамонӕг Александр Хоружийӕн, ахӕм дӕсны специалисттӕ кӕй хъомыл кӕны, уый тыххӕй. Уӕрӕсейы Президенты Указӕй ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты ӕвзыгъддзинад ӕмӕ лӕгдзинад равдисыны тыххӕй «Лӕгдзинады орден»-ӕй хорзӕхджын ӕрцыд Александр Ермаков (йӕ амӕлӕты фӕстӕ). Битарты Вячеслав паддзахадон хӕрзиуӕг радта йӕ бинойнаг Еленӕ Ермаковамӕ.
Паддзахадон хӕрзиуджытӕ ма райстой управленийы къорд кусӕджы. Тамерлан Виногеев кӕд нырма ӕрыгон у, уӕддӕр ацы вазыгджын дӕсныйад равзӕрста ӕдӕрсгӕйӕ. Лӕппу сӕрыстыр у Александр Ермаковы хъӕбатырдзинадӕй, ахӕм адӕймӕгты нӕмттӕ рохуаты никуы баззайдзысты се ‘мкусджытӕй. Кӕд Тамерлан Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет каст фӕцис, уӕддӕр ӕй йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ бӕллицтӕ хуыдтой ӕндӕр фӕндӕгтӕм. Ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады цӕгатирыстойнаг управленимӕ бацӕуыны агъоммӕ сахуыр кодта ацы вазыгджын дӕсныйады сусӕгдзинӕдтӕ. Фӕлӕ йын стыр ахъаз фесты йе ‘мкусджыты ахаст ӕмӕ фӕлтӕрддзинад. Тамерлан Виногеев хорзӕхджын ӕрцыд «Зынгсирвӕзты ӕвзыгъддзинад равдисыны тыххӕй» майданӕй.
Ахӕм паддзахадон хӕрзиуӕг ма Битарты Вячеславы къухӕй райстой Бӕройты Игорь, Леонид Бочаров, Дзугкойты Таймураз, Александр Кяхиди, Хекъилаты Эдуард, Важа Чабакаури, Роман Щепановский. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг ма сын иу хатт арфӕ ракодта, загъта сын бузныг сӕ иузӕрдион куысты тыххӕй.
Бутаты Эльзӕ














