Хуссар Ирыстоны райдайӕн кълӕсты ахуырдзаутӕн байуардзысты ногазон лӕвӕрттӕ.
Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады материалон-техникон ифтонгдзинады хайады хицау Тедеты Аленӕ.
«Ног азы къӕсӕрыл адджинӕгты лӕвӕрттӕ райсдзысты скъолайы агъоммӕйы кары сывӕллӕттӕ ӕмӕ 1-5 кълӕсты ахуырдзаутӕ. Уымӕй уӕлдай, ӕрвылазон президентон зазбӕласы бӕрӕгбонмӕ (уый уыдзӕн Сывӕллӕтты сфӕлдыстады республикон галуаны) кӕй фӕхоной, уыцы сывӕллӕттӕн дӕр байуардзысты адджинӕгты 100 лӕвары. Ӕдӕппӕт балхӕндзыстӕм 9 400 ногазон лӕвары», — загъта Тедеты Аленӕ.
Министрады минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, скъоладзаутӕн лӕвӕрттӕ байуардзысты ахуырадон кусӕндӕтты, скъоламӕ чи нӕма цӕуы, уыцы сывӕллӕттӕн та сӕ лӕвӕрттӕ райсӕн уыдзӕн поликлиникӕты.
(Информацион агентад «Рес»)














