Райстой хӕрзиуджытӕ

0
383

Уӕрӕсейы Граждайнаг авиацийы кусджыты профессион бӕрӕгбоны (бӕрӕггонд цӕуы 9 февралы) агъоммӕ Цӕгат Ирыстоны Промышленност ӕмӕ транспорты министрады цы ӕмбырд уыд, уым кад кодтой авиацийы къабазы кусджыты къордӕн.

Ӕмбырды архайджытӕн сӕ профессион бӕрӕгбоны фӕдыл арфӕ ракодта ӕмӕ хӕрзиуджытӕ радта республикӕйы промышленност ӕмӕ транспорты министр Хайдарбек Бутов.

«Нӕ бӕстӕйы граждайнаг авиацийы истори райдыдта 1923 азы. Уӕд фӕзынд ӕхсӕнад «Добролет». Уӕд кусын райдыдта уӕлдӕфон бастдзинады фыццаг лини дӕр. Граждайнаг авиацийы бӕрӕгбон, тӕхджыты, инженерты, стӕй, аэропортты ӕнӕкъуыхцы архайд ӕмӕ уӕлдӕфон балцыты ӕдасдзинадӕн фадӕттӕ чи аразы, ӕппӕт уыцы техникон ӕмӕ кусӕг дӕсныйӕдты минӕвӕрттӕн. Абон арфӕйы сӕрмагонд ныхӕстӕ мӕн зӕгъын фӕнды къабазы ветерантӕн — уыдоны фӕлтӕрддзинад ӕмӕ дӕсныдзинадыл ахуыр кӕнынц ӕрыгӕттӕ дӕр», — фӕнысан кодта Хайдарбек Бутов.

Уый фӕстӕ министр РЦИ-Аланийы Парламент ӕмӕ Промышленност ӕмӕ транспорты министрады Кады грамотӕтӕй схорзӕхджын кодта дунеон аэропорт «Дзӕуджыхъӕу» ӕмӕ Фыдбылызты медицинӕйы центры специалистты къорды.

Аннӕ Катольянц

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here