Зӕйтӕй бахизынӕн

0
335

Ручъы ӕфцӕджы фӕндаджы зӕйты ныхмӕ галерейы рацарӕзтыл бахардз кӕндзысты 2 миллиард сомы.

Аразджыты зӕрды ис зӕйтӕй тӕссаг фӕндаджы хайыл галерейы цӕгатаг портал ӕмӕ лӕбырдтытӕй хъахъхъӕнӕг сис рацаразын, фыццаг хайы бындур сфидар кӕнын, галерейы конструкцитӕ сцалцӕг кӕнын, стӕй дренажы ӕмӕ объекты амортизацигӕнӕг цӕндты хӕйттӕ ногтӕй баивын.

ФКУ Упрдор «Кавказ» тендер расидт А-164 автофӕндаг «Транскам»-ы 90-ӕм километрыл зӕйты ныхмӕ галерей бындуронӕй сцалцӕг кӕныны тыххӕй. Фидаргӕнӕн куыстытӕй фӕстӕмӕ галереймӕ бауадздзысты видеоцӕстдарды, хъусынкӕнынады ӕмӕ фӕндагӕхгӕнӕн сигнализацийы системӕтӕ, стӕй электрон рухс.

Бындурон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ конд ӕрцӕудзысты 2022 азы декабры. Зӕйтӕй тӕссаг 827 метры галерей ис Ручъы ӕфцӕджы фӕндагыл Цӕгат Ирыстоны. Ацы фӕндаг у денджызы ӕмвӕзадӕй 1940-1964 метры бӕрзонддӕр. Тендеры архайджытӕй куырдиӕттӕ исдзысты 25 февралмӕ. Уӕлахиздзауӕн цӕттӕ сты 1,961 миллиард сомы бӕрц фидыд сфидар кӕнынмӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here