Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты фæндзай æртыккæгæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, барадон æмæ тæрхонадон оргæнты кусджытæ, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ цы закъон сфидар кодтой, уымæ гæсгæ Парламенты æмбырд райдыдта Уæрæсейы Федерацийы, стæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон гимнтæй. Афтæ уыдзæн алкæддæр нырæй фæстæмæ.
Депутаттæ фыццаг бакасты равзæрстой, республикæйы Сæргълæууæг кæй бацæттæ кодта, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Æркæсынмæ йæ рахаста Хицауады æххæстбарджын Парламенты минæвар Бдтаты Марат. Документ дзурæг у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бартыл æмæ амоны граждайнаг службæмæ сæ исыны ног æмгъуыдтæ. Афтæ, бæрзонддæр бæрнон бынатмæ сæ снысан кæныны тыххæй сæ квалификацион стаж къаддæр кæны цыппар азæй иу азмæ, сæйраг бæрнон бынатмæ та – дыууæ азæй иу азмæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
Депутаттæ дыккаг бакасты сфидар кодтой республикæйы цæрæг граждæнты æнæниздзинад, уыимæ, сывæллæтты сыгъдæг удварн æмæ се ‘нæниздзинад бахъахъхъæныны бындуртыл, стæй, се ‘хсæн барад халæн цауты профилактикон мадзæлттыл ныхас кæм цæуы, ахæм закъæттæ. Уыдоны фæдыл ныхас кодта Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ.
«2025 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджет сæххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта финансты министры хæдивæг Андиаты Зæринæ. Куыд бафиппайдта, афтæмæй бюджет дзуапп дæтты бюджетон политикæйæн æмæ арæзт цыд федералон закъонæвæрынадмæ гæсгæ. «Ивгъуыд азы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 52 миллиарды æмæ 244 милуан сомы. Уыдонæй хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ уыдысты 22 миллиарды æмæ 266 милуан сомы. Хæрдзтæн сæ фылдæр – 67 проценты уыдысты социалон нысаниуæджы хæрдзтæ. Афоныл æмæ æнæкъуылымпыйæ фыст цыдысты пособитæ æмæ æппæт социалон бафыстытæ дæр», – загъта министры хæдивæг. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 2024 азæй 3,2 хатты фæфылдæр сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттæ. Сæ сæххæст кæнынæн ивгъуыд аз бахъуыд 2 миллиарды æмæ 277 милуан сомы. Андиаты Зæринæ бæстон æрныхас кодта, ахуырадыл, æнæниздзинад хъахъхъæнынадыл, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадыл, культурæйыл, спорт æмæ царды æппæт иннæ къабæзты дæр цы хæрдзтæ бахъуыд, уыдоныл. «Республикæйы æххæстгонд цæуынц дæс национ æмæ 24 федералон проекты. Сæ хæрдзтæ рауадысты 9 миллиарды æмæ 717 милуан сомы. Æппæт æхцатæ дæр хардзгонд æрцыдысты сæ нысанмæ гæсгæ», – загъта Андиаты Зæринæ.
Фарстайы фæдыл ма доклад скодта РЦИ-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдары хæдивæг Бекъойты Хъазыбег, æмдоклад – Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Асланбег. Документмæ каст цыд фыццаг бакасты, фæлæ, закъоны проекты ахсджиагдзинад нымайгæйæ, закъон фидаргонд æрцыд фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты.
Депутаттæ ма байхъуыстой, ацы азы фыццаг кварталы республикон бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уый фæдыл дзуаппон раныхасмæ. Андиаты Зæринæ куыд радзырдта, афтæмæй республикон бюджеты фыццаг æртæ мæйы æфтиæгтæ рауадысты 13 миллиарды æмæ 922 милуан сомы, хæрдзтæ – 13 миллиарды æмæ 860 милуан сомы. Афтæмæй, ацы азы фыццаг кварталы бюджет рауад 62 милуан сомæй æфтиагджын. «Хæрдзтæн сæ фылдæр – 8 миллиарды æмæ 481 милуан сомы, кæнæ та сæ 60,8 проценты уыдысты социалон-культурон нысаниуæджы хæрдзтæ; 2 миллиарды æмæ 569 милуан сомы фыст æрцыд бюджетон кусджытæн сæ мыздæн; 2 миллиард сомæй фылдæр – дæс национ проекты æххæст кæнынæн», – афтæ бæстон æрдзырдта министры хæдивæг бюджетон æппæт хæрдзты тыххæй дæр æмæ загъта, ацы азы 1 апрелмæ, фидинаг чи уыд, ахæм хæстæ республикæ кæй нæ дары, уый.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег.
Уымæй уæлдай, депутаттæ равзæрстой «2025 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта Фонды директор Дзæгъойты Алан. Куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд аз территориалон фонды бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 14 миллиарды æмæ 836 милуан сомы, фæфылдæр сты федералон фондæй æрвыст субвенцитæ æмæ субсидитæ; хæрдзтæ рауадысты 14 миллиарды æмæ 536 милуан сомы. Хæрдзтæн сæ фылдæр – 65,7 проценты фыст æрцыдысты медицинон кусджыты мыздæн. Дзæгъойы-фырт куы бафиппайдта, афтæмæй Æрæфы, Мæздæг æмæ Горæтгæрон районты рынчындæттæ кредиттæй кæй дардтой (иумæйагæй 191 милуан сомы), уыцы хæс ныр кæй фæфылдæр æмæ ссис 302 милуан сомы.
Фарстайы фæдыл æмдоклад кæнгæйæ, Реуазты Ларисæ бафиппайдта, финанстæ дæттыны хъуыддаг æмæ медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад кæрæдзийæ дард кæй сты, уый.
Закъоны проекты фæдыл фæрстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймураз æмæ депутат Суанты Вадиммæ. Парламенты Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй, кацыфæнды бюджетæн дæр аргъ кæнгæйæ, фыццаджыдæр, кæсын хъæуы йæ сæххæст кæныны хæрзхъæддзинадмæ.
Документы ахсджиагдзинад нымайгæйæ, закъон фидаргонд æрцыд фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты.
Дзæгъойты Алан ма ныхас кодта «2027-2028 азты пъланон рæстæгмæ æмæ 2026 азмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проектыл.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Реуазты Ларисæ. Ацы закъон дæр фидаргонд æрцыд фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты.
Депутаттæ ма цы закъæттæ æмæ закъæтты проекттæ сфидар кодтой, уыдоны фæдыл дзырдтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ: Качараты Олег, Киситы Мурат, Остъаты Георги æмæ Елена Князева.
Муниципалон сахаты фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æрыдоны муниципалон районы муниципалон сконды социалон-экономикон рæзты тыххæй» Æрыдоны муниципалон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Баситы Владиславы раныхасмæ. Басийы-фырт бæстон æрдзырдта, ивгъуыд аз район цавæр бæрæггæнæнтимæ ахицæн кодта, цавæр фарстатæ лæууынц сæ размæ æмæ ацы аз цавæр нысантæ æмæ проекттæ хъуамæ сæххæст кæной, æппæт уыдæттыл.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














