Фӕстаг къорд азы РЦИ-Аланийы ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрад йӕ архайд бӕлвырд фӕтыхджындӕр кодта, цӕмӕй нӕ алфамбылай алӕмӕты рӕсугъд ӕрдз уа нывӕфтыддӕр ӕмӕ ӕнӕхъыгдард. 2019 азы йӕ размӕ цы ахсджиаг хӕстӕ лӕууыд, уыдоныл бакусыны тыххӕй ӕппӕтвӕрсыг архайд цыд райдайӕнӕй кӕронмӕ. Сӕйраг ӕргом здӕхт кӕмӕ уыд, уыцы фарстыты ахъаззагдӕртӕй иу у республикӕйы фӕзуаты санитарон-экологон уавӕры, куыстадон ӕмӕ ӕфсисадон ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайыны закъонадон домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын.
Уымӕ гӕсгӕ министрады хъӕппӕрисӕй 2019 азы цӕрӕн бынӕтты санитарон сыгъдӕг кӕныны, фӕлгонцады ӕмӕ цъӕх фӕлысты дыууӕ мӕйы арӕзт ӕрцыд республикӕйы. Фыццаг уыдис апрелы-майы, дыккаг октябры-ноябры ӕмӕ бӕрӕггонд ӕрцыд 103 ӕнӕбарлӕвӕрд бырондоны ӕмӕ ӕппарӕццӕгтӕ кӕдӕм калдӕуыд, ахӕм бынӕттӕ дӕр. Закъоны домӕнтӕ ӕххӕстгонд кӕй нӕ цыдысты ӕмӕ сӕ аласыны тыххӕй афоныл хъӕугӕ мадзӕлттӕ арӕзт кӕй не ‘рцыд, уыдӕтты фӕдыл бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнты сӕргълӕуджытӕ, стӕй хицӕн фӕзуаты санитарон уавӕрыл дзуапп чи дӕтты, уыдон административон ӕгъдауӕй ӕфхӕрд баййӕфтой. Уымӕй уӕлдай кӕм не ‘мбӕлы, ахӕм бынӕттӕм ӕппарӕццӕгтӕ кӕй хастой ӕмӕ кӕй сыгътой, уый тыххӕй 50 физикон адӕймаджы ивар кӕнын бахъуыд ӕхцайы алы бӕрцытӕй.
Фыдӕй-фыртмӕ хъӕд у ӕрдзы ахсджиаг къабаз. Уый нын цы хорздзинӕдтӕ дӕтты, хъӕдӕрмӕг ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕй уӕлдай, уыдон чысыл не сты, уымӕ гӕсгӕ, абон министрады кусджыты размӕ уырдыг лӕууынц хъӕдӕй пайда кӕныны, уый ногӕй сырӕзын кӕныны ӕмӕ йӕ хъахъхъӕныны фарстытӕ. Ӕрмӕст ивгъуыд азы хъӕдарӕзтадон куыстытӕ федералон бюджеты ӕххуысӕй конд ӕрцыдысты 73734 гектары, фӕстауӕрцгонд фӕрӕзты хардзӕй та — 27642 гектары фӕзуаты Алагиры хъӕды хӕдзарады фӕзуаты.
Нӕ алфамбылай хъӕдты уавӕр афтӕ у, ӕмӕ 2019 азы кӕронмӕ хъӕды бӕлӕстыл ницы низтӕ бӕрӕггонд ӕрцыд. Уӕдӕ раздӕр азты чи бахуыскъ ӕмӕ уӕлхъӕдӕй чи баззад, ахӕм бӕлӕстӕ дӕр нӕй, министрадмӕ цы хъӕды фӕзуӕттӕ хауы, уыдоны.
РЦИ-Аланийы хъӕды пъланмӕ гӕсгӕ ӕмӕ хъӕдыхӕдзарадон домӕнтӕ куыд амонынц, афтӕмӕй 2019 азы хъӕды фонды фӕзуаты ӕппӕт гуырахсты конд ӕрцыдысты ӕппӕт пълангонд зынгсирвӕзты ныхмӕ профилактикон мадзӕлттӕ. Зӕгъӕм, хъӕд зынгсирвӕзтӕй хъахъхъӕнӕн фӕндӕгтӕ арӕзт ӕрцыд 10 километры; хъӕды фӕндӕгтӕ рацаразын бахъуыд 2,5 километры; зынгсирвӕзты ныхмӕ минерализацигонд уадздзӕгтӕ арӕзт ӕрцыдысты 25 километры ӕмӕ бирӕ ӕндӕр куыстытӕ конд ӕрцыдысты хъӕдыл зынджы фыдбылыз ма ‘руадзыны тыххӕй ӕмӕ иу хатт дӕр зынгсирвӕзты цау нӕ уыдис хъӕды фонды фӕзуаты.
Ай-гъай, министрады специалисттӕ сӕрмагонд ӕргом здахынц хъӕд ӕгъатыр хъӕддзауы фӕрӕты знаггадӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй. Уӕддӕр цӕст ӕппӕтыл кӕм аххӕсдзӕн? Ивгъуыд аз бӕрӕггонд ӕрцыд хъӕды бӕлӕсты ӕнӕзакъон кӕлдтыты 17 цауы 8,58 кубометры гуырахсты ӕмӕ хъӕды фондӕн знаггад рауад 81,9 мин сомы аргъ. Ӕнӕзакъон кӕлдтыты фондз цауы (иумӕйаг гуырахст 0,479 кубометры_ фӕдыл та административон ӕрмӕджытӕ арӕзт ӕрцыдысты УФ-йы Административон барадхӕлдтыты кодексы 8.28 статьяйы 1 хаймӕ гӕсгӕ. Аххосджынтӕ иваргонд ӕрцыдысты 18,0 мин сомӕй. Уымӕй уӕлдай сӕ фидын бахъуыд, хъӕдӕн цы знаггад ракодтой, уый дӕр — 3,53 мин сомы. Дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, хъӕды бӕлӕстӕ 8,098 кубометры ӕнӕзакъонӕй чи акалдта, уыцы хъӕддзауты дӕр. Хъӕдӕн цы знаггад ракодтой, уый рауад 78,30 мин сомы, ӕмӕ сыл барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ сарӕзтой уголовон хъуыддаг.
Ахӕм ӕнӕзакъон архайд цӕмӕй дарддӕр ма уа, уый тыххӕй регионалон экологон цӕстдарды паддзахадон хӕстӕ ӕххӕст кӕныны фӕлгӕты 2019 азы министрады инспектортӕ сарӕзтой 470 цӕстдарӕн мадзалы. Сӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 54 юридикон адӕймаджы, 333 разамонӕджы ӕмӕ 108 физикон адӕймаджы иваргонд ӕрцыдысты 54,21,5 мин сомӕй
Министрады хъӕппӕрисӕй проектон фӕндӕттӕ хаст ӕрцыдысты национ проект «Экологи»-мӕ ӕмӕ дзы хорзыл банымадтой ӕртӕ федералон проекты: «Сыгъдӕг бӕстӕ», «Хъӕдтӕ хъахъхъӕнын», «Бахъахъхъӕнӕм ӕвӕджиауы цӕугӕдӕттӕ». 2019 азы проект «Сыгъдӕг бӕстӕ»-йы фӕлгӕты мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыдысты Уӕлладжыры комы Дӕллаг Уыналмӕ хӕстӕг ӕмӕ Куырттаты комы цӕугӕдон Хӕныгкомдоны галиуварсы ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайӕн бынӕтты экологон знаггад банывыл кӕныны тыххӕй.
Ӕрдзы министрады гӕнӕнтӕ ӕмӕ авналӕнтӕ ныр бӕлвырд фӕхуыздӕр сты хъӕдтӕ бахъахъхъӕныны федералон проекты арӕзт мадзӕлтты руаджы дӕр. Зӕгъӕм, специализацигонд кусӕндӕттӕ ифтонггонд ӕрцыдысты зынгхуыссӕн техникӕйӕ, стӕй ифтонггӕрзтӕ райстой хъӕд ногӕй сырӕзынӕн мадзӕлттӕ кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай, амалгонд ӕрцыд хъӕды зынгсирвӕзт хуыссынгӕнӕн 15 машинӕйы, 2020 азы та сыл ноджыдӕр ма бафтдзӕн 3 иуӕджы.
Уӕрӕсейы Хицауады ӕххуыс чысыл нӕу проект «Цӕгат Кавказы федералон окруджы рӕзт 2025 азы онг» фӕлгӕты дӕр. Инженерон арӕзтӕдтӕ конд ӕрцыдысты Ӕрыдоны районы цӕугӕдон Кизилкӕйы Кировыхъӕу бахъахъхъӕныны тыххӕй, былгӕрӕттӕ фидаргӕнӕн арӕзтӕдтӕ цӕугӕдон ӕрыдоны доныл. 2020 азы та рекультивацигонд ӕрцӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы хъӕбӕр цардыуаджы ӕппарӕццӕгтӕ ӕфснайӕн полигон, сыгъдӕггӕнӕн куыстытӕ бакӕнын та бахъӕудзӕн Бехъаны цады.
Раст куы зӕгъӕм, уӕд министрад йӕхи хъарутӕй дӕр архайы ӕрдзхъахъхъӕнынадон мадзӕлттӕ аразыныл. Уалдзӕджы кӕрон ӕмӕ сӕрды райдайӕны цӕугӕдӕтты ивылыны рӕстӕг кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ сӕ донвӕдтӕ сыгъдӕггонд ӕмӕ уӕрӕхгонд ӕрцыдысты ахӕм цӕугӕдӕттӕн: Занихъо-донӕн —Майрӕмададжы, Къодахджынӕн — Къодахджыны, Хӕтӕлдонӕн — Хӕтӕлдоны, Суадагӕн — Суададжы, Фыййагдонӕн — Дзуарыхъӕуы, Цъӕхдоны — Бирӕгъзӕнджы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рӕтты цӕугӕдӕтты донвӕдтӕ бахъуыд сыгъдӕг ӕмӕ уӕрӕхдӕр кӕнын.
Уымӕй уӕлдай, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, бирӕ куыстытӕ конд ӕрцыд цӕугӕдон Садонкӕйы, цӕмӕй ивылд дӕттӕй уӕлмӕрдтӕ хъахъхъӕд ӕрцӕуой. Нӕ ныхас куы фӕбӕлвырддӕр кӕнӕм, уӕд хуыр ӕмӕ змис 30000 кубометры ист ӕрцыд цӕугӕдоны донвӕдӕй ӕмӕ йӕ ӕвӕрын бахъуыд Садонкӕйы иувӕрсты. Ахӕм ӕмӕ ӕндӕр вазыгджын куыстытӕ конд ӕрцыдысты цӕугӕдӕттӕ Урсдоны, Хайдоны, Дур-Дуры ӕмӕ сӕ руаджы 2019 азы ивылд дӕттӕ ницы бахъыгдардтой Къора-Урсдоны, Ногхъӕу ӕмӕ Дур-Дуры цӕрӕн бынӕтты.
Министрад традицион ӕгъдауӕй цы ӕрдзхъахъхъӕнынадон архайд кӕны, уымӕй уӕлдай азӕй-азмӕ аразы экологон акцитӕ, ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр, цӕмӕй кӕстӕр фӕлтӕр уарзой ӕмӕ хъахъхъӕной нӕ алфамбылай ӕрдз. 2019 азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон дыккаг бынат бацахста ӕппӕтуӕрӕсеон акци «Уӕрӕсейы сыгъдӕг дон»-ы. Ацы проекты фӕлгӕты республикӕ архайдта доны марафон «Кавказы сыгъдӕг былгӕрӕттӕ»-йы дӕр ӕмӕ 70 экологон акцийы арӕзт ӕрцыд цӕугӕдӕтты былтӕ цардыуаджы бырӕттӕй асыгъдӕг кӕныны тыххӕй.
Уымӕй уӕлдай ӕрдзы министрад архайдта ахӕм информацион кампаниты дӕр, куыд «Хъахъхъӕн хъӕд», «Хус сыфтӕр ма судз», ӕппӕтуӕрӕсеон акциты «Хъӕдсадзыны ӕппӕтуӕрӕсеон бон», «Хъӕд, цӕр», «Цъӕх уалдзӕг», «Цъӕх Уӕрӕсе», «Уӕрӕсейы дон», «Сыгъдӕг былгӕрӕттӕ» ӕмӕ ӕндӕрты. Ацы аз та национ проект «Экологи»-йы фӕлгӕты архайдзӕн иумӕйаг национ кампани «Бахъахъхъӕнӕм хъӕд»-ы дӕр. Хъӕд царддӕттӕг кӕй у, уый тыххӕй министрад сарӕзта ӕрвылазон республикон сывӕллӕтты нывты конкурс. Бӕрӕггонд ӕрцыдысты 14 уӕлахиздзауы ӕмӕ кадджын уавӕры хорзӕхджын ӕрцыдысты Нывгӕнджыты цӕдисы равдыстытӕ аразӕн залы.
Бирӕ куыст цӕуы хъӕддаг сырдты нымӕц фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй дӕр. Ӕрмӕст 2019 азы 10 саджы уагъд ӕрцыд Уӕллаг Санибайы. Ӕрдзы министрады ӕххуысӕй дыууӕ экологон къахвӕндаджы гом ӕрцыд Дыгургомы: сӕ иу — Галдоридоны ӕхсӕрдзӕнмӕ, иннӕ та Байрадийы ӕхсӕрдзӕнмӕ.
Иу ныхасӕй, министрады специалисттӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ цы ӕппӕтвӕрсыг архайд кӕнынц, уый у ӕрдзы фарнӕн. Нӕ алфамбылай бынӕттӕ ӕнӕхъыгдард куы уой, уӕд та ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕниз уыдзыстӕм, нӕ цард — фӕрныг.
Тохсырты Къоста














