Абон Цӕгат Ирыстоны Парламенты цы ӕмбырд уыдзӕн, уым депутаттӕ ӕмӕ иннӕ хуынд адӕмы раз йӕ ӕрвылазон Ныстуанимӕ раныхас кӕндзӕн РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.
Уыцы документы республикӕйы Сӕргълӕууӕг фӕнысан кӕндзӕн Цӕгат Ирыстоны дарддӕры социалон-экономикон райрӕзты сӕйраг фӕндӕгтӕ. Уыимӕ, Ныстуаны Битары-фырт аргъ скӕндзӕн, Цӕгат Ирыстоны Хицауад 2019 азы йӕ размӕвӕрд нысантыл куыд бакуыста, уымӕн.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг йӕ раныхасы ӕргом аздахдзӕн, ӕрӕджы Уӕрӕсейы Федерацийы Президент УФ-йы Федералон ӕмбырдмӕ йӕ ӕрвылазон Ныстуаны цы ахсджиаг фарстытыл ӕрдзырдта, уыдонмӕ дӕр.
Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Куыд амӕй размӕ азты, афтӕ ныр дӕр Цӕгат Ирыстоны разамонӕджы Ныстуанмӕ бакӕсӕн ӕмӕ байхъусӕн уыдзӕн дзыллон информацийы республикон фӕрӕзты «комкоммӕ эфиры»: равдисдзӕн ӕй национ телекомпани «Осетия-Ирыстон», трансляци кӕндзӕн радио «АланиFM». Трансляцийы райдайӕн — 12 сахатыл.














