Нæ фидæн райдайы абон…

0
20

Ног ахуыры азы агъоммæ республикæйы ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ сæмбырд сты августаг æмбырдмæ. Сывæллæтты сфæлдыстадон республикон галуаны ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ рæгъмæ рахастой ахсджиаг ныхас.

Августаг æмбырды архайдтой Уæрæсейы рухсады министр Сергей Кравцов, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, республикæйы ахуырады ведомствæйы разамонæг Алыбегты Эллæ, æндæр бæрнон адæймæгтæ. Цалынмæ æмбырд нæма райдыдта, уæдмæ Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны æрбацæуæг адæм базонгæ сты республикæйы профилон кълæсты архайдимæ.

Уый фæстæ æрбацæуæг адæмы раз раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй августаг æмбырды ныхас фæцæуы æрмæст ног ахуыры азы тыххæй нæ, фæлæ нæ республикæ дæс, ссæдз, æртын азы фæстæ цавæр уыдзæн, ууыл. «Нæ фидæн кæмдæр, дард ран, нæ райдайы, фæлæ абон, скъолайы къласы, рæвдауæндоны, колледжы æрмадзы, къорды ахуырты», – загъта республикæйы разамонæг.

Сергей Меняйло бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнджытæн, уыдон æрвылбон алы сывæллоны уды æвæрынц æууæнк, зонындзинæдтæ тауынц сæ зæрдæты, зонды. Ахæм адæймагдзинад ницавæр технологитæй баивæн ис. «Мах хъуамæ ахуыргæнæгæн саразæм  æппæт фадæттæ, æххуысы мадзæлттæ, нырыккон скъолатæ, рæвдауæндæттæ. Кæд нæ тыхджын республикæ хъæуы, уæд алы бон дæр хъуамæ скъола фидардæр кæнæм», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æрдзырдта национ проекттæ, паддзахадон программæты тыххæй, скъоламæ, æндæр ахуыргæнæндæттæм паддзахадон цæстæй акæсыны фадæттыл. Бæстон æрлæууыд скъоладзаутæн лæвар хъарм хæринаг дæттыны уавæрыл, уымæн ацы аз лæвæрд æрцæудзæн 820 милуан сомы. Ныхас бацахста гранттæ исыны хъуыддаг. Гранттæн сæ фылдæр хай лæвæрд цæуы хъомылгæнджытæн, ахуыргæнджытæн баххуысы хуызы…

Æрыгон ахуыргæнджытæн сæ мыздмæ цавæр материалон æххуыс лæвæрд цæуы, ууыл дæр ныхас рауад. Уæдæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ исынц уæлæмхасæн 5-7 мин сомы, уæлдай æххуысхъуаг сывæллæттимæ кусæг психологтæ, æндæр специалисттæ – 15 мин сомы.

Августаг æмбырды рауад бирæвæрсыг ныхас педагогты, хъомылгæнджыты куысты тыххæй, рæгъмæ рахастæуыд нысантæ, хæстæ.

 

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here