Грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй — дыууадӕс хӕрзиуӕджы

0
603

Грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕ 28-29 февралы цыдысты Махачкалайы.

Сӕ нысан уыди 23 азы онг Уӕрӕсейы чемпионатмӕ балцӕгтӕ рамбулын. Уый тыххӕй алы уӕзы дӕр бацахсын хъуыди 1-3 — бынӕттӕй иу.

Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдӕн бантыст 12 балцӕджы рамбулын. Нӕ богӕлттӕ рамбылдтой 2 сыгъзӕрины, 3 ӕвзисты ӕмӕ 6 бронзӕ майданы.

Сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой Тыбылты Георги (60 кг) ӕмӕ Къозонты Зауыр (130 кг). Зауыры спортуарзджытӕ зонынц уӕгъдибар хъӕбысхӕсты мастерӕй. Лалыты Георгийы хъомылгӕнинаджы бафӕндыд грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй дӕр йӕ хъарутӕ бавзарын, ӕмӕ йӕ архайд фӕрӕстмӕ. Цы ӕртӕ ныхмӕлӕууӕгимӕ фембӕлд, уыдоныл фӕуӕлахиз ӕнӕдызӕрдыгӕй. Ӕнӕкъуылымпы уыди Тыбылты Георгийы архайд дӕр ӕмӕ ссис уӕлахиздзау 60 кг онг уӕзы.

Хорз цӕттӕдзинад равдыстой: Чертхъоты Уырызмӕг (63 кг), Хуыгаты Аслан (87 кг) ӕмӕ Тамӕты Тимур (97 кг). Ӕртӕйӕ дӕр рацыдысты кӕронбӕттӕн ерыстӕм, фӕлӕ сӕ фӕстаг тохтӕ нал фӕрӕстмӕ сты, ӕмӕ бацахстой 2-аг бынӕттӕ. Уӕлахизмӕ тырныдтой Баликъоты Хетӕг (55 кг), Булкъаты Давид (63 кг), Гугкаты Давид (67 кг), Георгий Павлиашвили (72 кг), Хуыгаты Азӕмӕт (77 кг), Букылты Бачо (82 кг) ӕмӕ Назар Райок (130 кг) дӕр, фӕлӕ ацы хатт ӕхсӕзӕй дӕр бацахстой 3-аг бынӕттӕ.

Нӕ командӕйы ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ: Цӕмӕхъуаты Нарт, Эмзар Карелидзе, Надгериты Ирбег ӕмӕ Къӕбысты Алан. Командӕйы хистӕр тренер Цӕмӕхъуаты Нарт нӕ богӕлтты архайды тыххӕй загъта: «Нӕ лӕппутӕн сӕ фылдӕр сты 20—21-аздзыдтӕ ӕмӕ ахӕм ерысты дыууадӕс балцӕджы кӕй рамбылдтой, уый хорз бӕрӕггӕнӕн у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕндыди фылдӕр 1-аг бынӕттӕ рамбулын. Уымӕ хӕстӕг бӕргӕ уыдысты нӕ лӕппутӕ ӕртӕйӕ, фӕлӕ ацы хатт сразы кӕнын бахъуыд 2-аг бынӕттыл. Ныр нӕ богӕлттӕ сӕхи цӕттӕ кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕм. Уыдон 9-13 мартъийы цӕудзысты Мӕскуыйы. Уымӕй размӕ ма грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй цӕудзысты Цӕгат Кавказы федералон зылды 1-аг бынат бацахсыныл ерыстӕ ӕрыгӕтты (21 азы онг) ‘хсӕн. Уыцы турнир уыдзӕн Махачкалайы 5-6 мартъийы, ӕмӕ уым дӕр тох цӕудзӕн ацы кары Уӕрӕсейы чемпионатмӕ балцӕгтӕ рамбулыныл. Кӕд уым дӕр уый бӕрц балцӕгтӕ рамбулӕм, уӕд уый дӕр уыдзӕн хорз бӕрӕггӕнӕн».

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here