Цæгат Ирыстоны æмæ «Газпром»-ы разамынды ‘хсæн фидар хъуыддаджы бастдзинæдтæ кæй ис, уый фæрцы къухы æфты ахсджиагдæр, тыхстагдæр фарстытæ афойнадыл лыг кæнын, ахадгæ ахастдзинæдты фæрцы регионы социалон-экономикон хъуыддæгтæ сæ нысантыл рæвдздæр æмбæлынц. Ацы æмæ æндæр вазыгджын фарстытыл ныхас рауад, Хицауады хæдзары цы уæрæхгонд æмбырд уыдис, уым.
Амыдтой йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ «Газпром»-ы Правленийы уæнг, Департаменты хицау Владимир Марков. Ныхасы ма архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, тарифты регионалон службæйы хицау Къуымæриттаты Алан, Дзæуджыхъæумæ «Газпром»-æй цы бæрнон кусджытæ ссыд, уыдон. Фыццагдæр уал Битарты Вячеслав «Газпром»-ы минæвæрттæн бузныг загъта се ‘нтыстджын архайды тыххæй — цыбыр æмгъуыдмæ Куырттаты комы хæххон хъæутæм газ бауагътой.
— Фæлхасгонд газæн фидыны хъуыддаджы та республикæйæн хорз æмгуыстад ис фæрæзтæдæттæг организациимæ. «Республикон æмæ бынæттон бюджетты бæрны цы организацитæ ис, уыдонæн фæлхасгонд газæн æххæстæй бафыстам. Къуылымпыдзинæдтæ ма æвзæры хъармдæттæг куыстуæттимæ, фæлæ нæм ис, фарст цы хуызы алыг кæнæм, ахæм мадзæлттæ», — загъта Битарты Вячеслав. Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй æрвылмæй дæр артаджы-энергетикон комплексы куысты тыххæй ведомствæты ‘хсæн къамис æркæсы фæлхасгонд фæрæзтæн фидыны фарстмæ.
Владимир Марков куыд бафиппайдта, афтæмæй «Газпром»-ы разамынд æмбары Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы бæрнон ахаст ацы вазыгджын хъуыддæгтæм. «Хорзæрдæм цы ивддзинæдтæ æрцыд, комкоммæ фиддонты хъуыддаджы, уыдæттæ уынæм. Махæн нæ зæрды ис дарддæр дæр Цæгат Ирыстоны газуадзыны фарстытыл кусын. Ныртæккæ цæттæ кæнæм 2021-2025 азтæн сæрмагонд программæ. Уырдæм, æнæмæнг, бахæсдзыстæм, республикæйы разамынды фæндæттæ. Энергион фæрæзты дарддæры рæзтæн нын ис хорз ахастдзинæдтæ. Ууыл архайдзыстæм, фыццагдæр, Дзæуджыхъæуы. Æнæмæнг, ахæм æмгуыстад адæмы фæрныгадыл фæзындзæн», — бацамыдта «Газпром»-ы бæрнон кусæг.
Æмбырды бæстон ныхас рауад фидыны фæтк фæхуыздæр кæныныл. Уазджытæ куыд загътой, афтæмæй цæгатирыстойнæгтæ газæн фидын райдыдтой афойнадыл. Хæстæгдæр рæстæг «Газпром»-ы специалисттæ профилон министрад æмæ бынæттон администрацитимæ бавналдзысты Цæгат Ирыстоны газдихгæнæн хызтæ ифтонг кæнынмæ. Уыцы куыстытæ хъуамæ конд æрцæуой æдасдзинады домæнтæм гæсгæ. Хъуыддаг баст у энергион фæрæзты хæрзхъæддзинадимæ дæр. Æмбырды архайджытæ ма фæбæрæг кодтой газæфсисады æмæ газ дих кæныны объектты æдасдзинады нысантæ дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ












