Царды ссардта йæ бынат

0
8

Нæ алчидæр ацы дунемæ ‘рцæуы цавæрдæр бæлвырд хæсимæ, нысанимæ. Бæройты Ацæмæз йæхицæн равзæрста адæмы ирвæзын кæныны ахъаззаг хæс. Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты минис-трады кусæг уæвгæйæ, æрæджы Ацæмæз мæлæтæй аирвæзын кодта 12-аздзыд лæппуйы.

Мæскуыйы цæугæдон Синичкæйы уылæнтæ фæцæйластой сывæллоны, ирвæзынгæнæг иунæг уысм дæр нæ ахъуыды кодта, йæхи баппæрста цæугæдоны æмæ лæппуйы аирвæзын кодта. Горæт Красногорскы донисæн æлхъынцъы районы ‘рцыд ацы хабар. Лæппу сапбордыл бырыд, иу рæстæг фæцудыдта æмæ доны ныххауд. Ныгъуылын райдыдта, уыцы рæстæг Бæройты Ацæмæз йе ‘мбæлттимæ зылд фæзуатыл, уавæртæ æвзæрста…

Куыддæр сывæллоны донæй систа, афтæ фæдзырдтой тагъд медицинон æххуысы бригадмæ. Цалынмæ уыдон бынатмæ хæццæ кодтой, уæдмæ сывæллоны цур уыдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, цы йын сæ бон уыд, уыдæттæ кодтой. Дохтыртæ федтой лæппуйы, сæ хатдзæг уыд ахæм – хъыгдард нæ баййæфта.

Ацæмæз куыд зæгъы, афтæмæй йæ архайд уыд æрхъуыдыджын, академийы сæ алы æнæнхъæлæджы уавæртæм цæттæ кодтой. «Ныртæккæ сывæллон йæхи хорз æнкъары, дзырдтой йын йæ мадмæ, базыдтон хабæрттæ», – зæгъы Бæройы-фырт. Ныртæккæ Бæройты Ацæмæз у зынгсирвæзты ныхмæ паддзахадон инспектор. Йæ службæ хæссы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Мæскуыйы облæсты сæйраг управленийы.

Йæ гыццылæй фæстæмæ Ацæмæз æмбæрста йæ царды фæндаг. Йæ фыд Бæройты Игорь уыцы рæстæг уыд Æнæнхъæлæ-джы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы зынгсирвæзты – ирвæзынгæнæн хайы разамонæг. Службæйæн ратта 30 азы, куыстмæ-иу йемæ арæх ахуыдта йæ фырты. Лæппу тынг къæрцхъус уыд æппæт цаутæм, йæ хъус дардта дæсныйадмæ. Мæнæ йын исчи тыхæй йæ дæсныйад бацамыдта, уый дзы нæ уыд, фæлæ фыд кæддæриддæр йæ лæппуйы фæндтæ æмбæрста.

Скъола каст фæуыны фæстæ Бæройты Ацæмæз ахуырмæ бацыд Мæскуыйы Зынгсирвæзты ныхмæ службæйы академимæ. Уавæртæ уыдысты æфсадмæ хæстæг, цардысты къазарматы, хъарагъуылы лæууыдысты, физикон цæттæдзинад фидар кодтой. Сæйраг предметтæ уыдысты зынгсирвæзты ныхмæ. Тактикæ, техникæ хъуамæ зыдтаиккой хатт кæныны таблицæйы хуызæн. Уæдæ психологион цæттæдзинад дæр уыд сæйраг предмет.

Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй зынгсирвæзты рæстæг бирæтæ сæхи цæттæйæ нæ равдисынц. Академи фæцис сырх дипломимæ, йæ ныййарджытæ дзы сæрыстыр уыдысты, æххуыс ын кодтой. Йæ куыст уарзы Бæройы-фырт. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, дæсныйад ахсджиаг у, хъуамæ цæттæ уай адæймаджы цард аирвæзын кæнынмæ. Нырма фыццæгæм курсы куыд уыд, уæд Ацæмæз ацыд зынгсирвæзты бынатмæ зынгсирвæзты-ирвæзынгæнæн хайимæ.

Йæ зæрдыл бадардта æппæт цаутæ. Хæдзар уыд дыууæуæладзыгон, арт – алырдыгæй. Бахъуыд æй йæ зонындзинæдтæ царды равдисын. Команда куыста, кæрæдзийы ‘мбаргæйæ, арт ахуыссын кодтой. Ацæмæз куыд зæгъы, афтæмæй хъуамæ зынгсирвæзтимæ тохгæнæг уа фидар, хъæддых, уæндон, фæлмæнзæрдæ, уазал зонды хицау, æнæнхъæлæджы цаутæн рæвдз мадзæлттæ ссарын йæ бон уа.

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад у адæмы ирвæзын кæныны вазыгджын, бæрнон, иттæг хорз зонындзинæдтæ домæг ведомствæ. Кæд Бæройты Ацæмæз нырма æрыгон у, уæддæр йæ равзæрст фæндагыл уæндонæй цæуы. Царды ссардта йæ бынат…

УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here