Æрыгон хоккеисттæ — уæлахиздзаутæ

0
339

Ирыстон спортивон республикæ дзæгъæлы кæй нæ хонынц, уымæн æвдисæнтæ бирæ ис. Кæуылты сты нæ фæсивæды сгуыхтдзинæдтæ: хъæбысхæсты алы хуызтæй, лæгæй-лæгмæ тохты хуызтæй, футболæй, уæзæгтæ исынæй, армæйхæстæй æмæ ма къорд æндæр спорты хуызтæй!

Уыдонæй уæлдай ма фæстаг азты нæ республикæйы фæсивæд сæхи хъомысджынæй æвдисынц зымæгон спорты хуызты дæр. Кæд Ихын галуан нæ республикæйы афтæ раджы нæ фæзынди, уæддæр нæ кæстæр фæлтæр тынг зæрдиагæй йе ‘ргом аздæхта хоккей æмæ къахдзоныгътыл аив бырынмæ, æмæ сын æнтысгæ дæр гыццыл нæ кæны.

Хæрзæрæджы нæ 15-аздзыд хоккеистты командæ «Алантæ» фыццаг бынат бацахста Уæрæсейы Хуссар зонæйы ацы кары  командæты ерысты.

Нæ лæппутæ, сæ тренер Арсæгты Мараты разамындæй, равдыстой стыр уæлахизмæ тырнындзинад. Цы 28 хъазты акодтой, уыдоны фæуæлахиз сты 23 хатты. Нæ командæ йæ ныхмæлæуджытæн бакъуырдта 151 шайбæйы, йæхи дуары та бауагъта 86. Уыйбæрц бакъуырын йæ ныхмæлæууæг командæтæй никæмæн бантыст. «Аланты» хъазджытæй æппæты фылдæр шайбæтæ бакъуырдта нæ размæбырсæг Цæбиты Къоста. Уымæн бантыст нæ ныхмæлæуджыты дуæртты 36 шайбæйы бакъуырын.

Нæ хоккеисттæ се ‘ппæт  дæр сæхи равдыстой тынг хъомысджынæй.  Арсæгты Марат уый тыххæй зæгъы: «Абон нæ командæйы цы 15-аздзыд лæппутæ хъазынц, уыдонæн се ‘мбис къахдзоныгътыл бырын ахуыр кæнын райдыдтон дæс азы размæ. Иуцасдæр рæстæг семæ æндæр тренер куыста, фæлæ та ныр, æртыккаг аз, мæхæдæг раздæхтæн семæ кусынмæ æмæ йæ уынын, лæппутæ куыд зæрдиагæй тырнынц хоккейы мастертæ суæвынмæ, уый. Æз сæ разы дæн, зивæг кæй нæ кæнынц æмæ сæхи æгъдауджынæй кæй æвдисынц, уымæй. Тренер куы уына йæ хъомылгæнинæгты тырнындзинад, цы сын амоны, уый куыд хуыздæр уа, афтæ æххæст кæнынмæ, уæд ын уый йæ тыхыл тых æфтауы. Нæ лæппутæй ма разы дæн, кæрæдзиимæ æнгом кæй сты, уымæй дæр. Хоккей командон хъазт у, æмæ уым æмбалдзинад фидар æвæрд куы нæ уа, уæд уæлахизтæм не схиздзæн. Нæ хъомылгæнинæгтæ уый хорз зонынц æмæ кæрæдзийæн сты ныфсы хос. Ныридæгæн сæм ис хорз æмбарындзинад, хъазгæ-хъазын кæрæдзийæн æххуыс  кæнынц, иу сæ куы фæрæдийы, уæд æм йе ‘мбал цырд  фæлæууы æмæ йын йæ рæдыд  сраст кæны.

Уыцы миниуджытæй нæ лæппутæ хайджын кæй сты, уый нын ныфс дæтты, апрелы Сочийы Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты дæр  сæхи сæрæнæй кæй равдисдзысты, уымæй. Сочийы спортивон центр «Сириус»-ы 1-24 апрелы ерыс кæндзысты Уæрæсейы фараст зонæйы уæлахиздзаутæ. Нæ ныхмæлæуджытæ уыдзысты Мæскуыйы, Бетъырбухы, Сыбыры, Уралы, Дард Хурыскæсæны æмæ Уæрæсейы иннæ зонæты 1-аг бынæттæ бацахсæг командæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы командæтимæ ерыс кæнын æнцон нæ уыдзæн. Уым хоккейæ хъазынц цæрæнбоны, æмæ сын ис фидар бындур, фæлæ мах дæр архайдзыстæм сæ разы нæхи хъомысджынæй равдисыныл».

Æнæмæнг, нæ хоккейон командæ Хуссар зонæйы 1-аг бынат кæй бацахста, уый дæр сгуыхтдзинад у. Сочийы  дæр  сæхи сæрæнæй кæй равдисдзысты, уый  нæ уырны. Уыцы зонд ис сæхимæ дæр. Куыд  нын  дзырдтой, афтæмæй сæхи ноджы зæрдиагдæрæй цæттæ кæндзысты, дыууæ къуырийы фæстæ сæм цы бæрнон ерыстæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдонмæ.

Нæ зæрдæ сын зæгъы Сочийæ дæр хæрзиуджытимæ ссæуын!

 

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here