Йæ бирæ фыдæбæттæ

0
618

Црауы хъæубæстæ ныссабыр, йæхимæ ныхъхъуыста. Фæскуыст-иу фæндырдзагъд, къæрццæмдзæгъд раздæр кæцæй цыд, уыцы сыхтæ хасты хуызæн систы. Æмæ куыднæ? Хæцæнгарз райсынмæ чидæриддæр арæхст, уыдон цыфыддæр знаджы ныхмæ тох кæнынмæ фæцыдысты… Фæлæ хъуыдис цæрын, хæцæг æфсадæн æххуыс кæнын. Уый къухы æфтыдис, хъæубæсты ма цы ацæргæ адæм, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ баззад, уыдоны бавнæлды фæрцы.

Лæгæвзарæн рæстæг скодта æмæ иунæг адæймагæн дæр куысты тыххæй лæгъстæтæ кæнын нæ хъуыд. Кæмæн куыд йæ бон, йæ хъару амыдта, афтæ уыцы ран балæууыд æмæ æнæ иу сныхасæй куыста. Колхозы æппæт дæлхайæдтæ баисты бабатæ æмæ нанатæ, сæ хъæбулты хъæбулты бар. Се ‘хсæн фыдæбон кодта Хъæрджынты Бекыры чызг Зинæ дæр. Æнæзивæг, ныфсхаст уыд, кæстæрты ‘хсæн йæ бавнæлдæй бæрæг дардта. Æвæццæгæн ыл уымæн æрæвæрдта йæ цæст бригадир Дудиаты Барис.

Фæсидт æм, бамбарын кодта Зинæйæн, Дзæуджыхъæумæ йæ трактористы курсытæм æрвитынмæ кæй хъавы, уый. Кæд бауырныдтаид Барисы æмæ Црауы колхоз «Раздзог»-ы хъысмæт ахæм сывæллæттæм æрхаудзæн, уый. Хæдзарад сæрыстыр æмæ буц кæмæй уыд, уыцы трактористтæ Ахъиты Дзабокка, Гогаты Хæсанæ, Бутаты Геор, Мысойты Эльберд, Къуымæллæгкаты Дауыт ныууагътой сæ хуымгæндтæ æмæ немыцаг фашисттимæ хæцынмæ ацыдысты. Хъæрджынты чызг кæд æрыгон уыд, уæддæр кæцыфæнды куыстмæ дæр хорз арæхстис.

Сразы ис Зинæ бригадиры уынаффæимæ, ацыд курсытæм, æртæ мæймæ афтæ лæмбынæг сахуыр кодта трактор æмæ йæ йæ бон уыдис æнæкъуылымпыйæ райхалын æмæ сæмбырд кæнын. Курсыты фæстæ йын цы æвдисæндар радтой, уым уыдис æрмæстдæр хорз бæрæггæнæнтæ. Æрыздæхт хъæубæстæм, колхозы йыл цингæнгæйæ сæмбæлдысты. Райстой уал æй Гаматы Мырзайы бригадмæ прицепыл лæууæгæй. Уæззау куыст уыдис чызгæн, гутон æппынæдзух зæххæй сыгъдæг кæнын хъуыд, цæст æм дарын. Фæлæ йыл никуы никæй зæрдæ фæхудт, йæ бавнæлдмæ йын аипп никуы æрхастой.

Уалынмæ та йын бабар кодтой трактор «СТЗ», мад йæ сывæллонмæ куыд зила, афтæ йæм каст Зинæ. Фæскуыст-иу æй ныссыгъдæг кодта æмæ-иу æй машинæ-тракторон станцæмæ атардта. Станцæ та уыдис, ныртæккæ Алагиры «Сопротивлениты завод» цы бынаты ис, уым. Æвæццæгæн, уæды адæм, фæллад цы у, уый не ‘мбæрстой, æндæр æгæрон быдыртæ фæхуым кæн, трактормæ базил, Алагирмæ йæ атæр æмæ фæстæмæ Цраумæ фистæгæй рацу. Боныцъæхтыл та фæгæпп кæн æмæ дæ трактормæ згъоргæ. Зинæйы æмрæнхъ ма трактортыл куыстой Хъæрджынты Таня æмæ Бицъоты Зирæт. Прицепыл лæууыдысты ацæргæ лæг Мæрзойты Дзахотт, æрыгон лæппутæ Тохсырты Зелым, Цæрукъаты Гокъо æмæ Дзебойты Петр.

Æрмæстдæр цалынмæ немыц Ирыстоны уыдысты, уыцы рæстæг колхозы куыстытæ баурæдтой. Куыддæр сæ нæ зæххæй атардтой, афтæ та адæм базмæлыдысты. Кæд хæст Црауæй адард, уæддæр  ын хъæуккæгтæ йе знæт комулæфт æнкъардтой. Куы-иу иу хæдзары дуармæ æрлæууыдысты сæргуыбырæй, куы — иннæ. «Сау гæххæттытæй» адæм зæрдæхæлд фесты. Зинæйæн дæр йе ‘фсымæр Хадзыбечырæй бирæ рæстæг хабар нæ уыд, бинонтæ мæт æмæ сагъæсы бахаудтой. Ныфсытæ-иу сын авæрдта чызг, кæд йæхи уд ницæуылуал лæууыд, уæддæр. Йæ тыхстаг хъуыдытæ-иу арф бафснайдта æмæ куыста, æхсæв-бон не ‘взаргæйæ.

Знагæн йæ ном — йæ уæлæ, немыц сæ фæстæ быдырты ныууагътой минæтæ. Йæ разæй минæагурджытæ, афтæмæй Хъабагъуаты зæххытæ хуым кодта Зинæ йæ тракторæй. Иу ахæмы æртæ минæйы кæрæдзи фæдыл схæцыдысты. Хъæуы цæрджытæ фæфæдис сты, Зинæ йæ тракторы цур лæууыд, йæхи бæргæ хъæддых кодта, фæлæ фæдисонты ‘хсæн йæ фыды куы ауыдта, уæд скуыдта. Уæд федтой иууылдæр, æппындæр фæллад чи нæ зыдта, алы куыстмæ дæр сæрæнæй чи æвнæлдта, уый нырма йæхæдæг хæрз æрыгон чызг кæй у, æмæ йын фæтæригъæд кодтой.

Ахæм бон дæр-иу ыл акодта, æмæ-иу æй трактор цалдæр хатты цалцæг кæнын бахъуыд. Нæ фаг кодта ивæн хæйттæ, трактортæ дæр дæрдджын уыдысты. Уæддæр йæ ныфс сæттын нæ куымдта. Хъæрджынты чызг хорз æмбæрста, фронты знагæн ныхкъуырд чи дæтты, уыдон сты æцæг дывыдон арты æмæ кæддæриддæр йæхи фæразонæй æвдыста. Тракторимæ архайгæйæ, уæззау цæфтæ дæр фæцис Зинæ, фæлæ уыдæттæ ницæмæ дардта. Иу хатт та æхсæвæддæйæ хуымгæнгæйæ, тракторы артаг фæцис æмæ прицепыл лæууæджы арвыста хъæумæ. Лæппу рацыд, фæлæ фæстæмæ зынæг нæ уыд. Стыхстис чызг, тыгъд быдыры иунæгæй куыд уыдзынæн, зæгъгæ, трактор ныууадзыны хъуыды та йæм нæ сæвзæрд.

Бабырыд тракторы бынмæ æмæ уым куыдта, уалынмæ йыл иу афон бамбæлд йе ‘мхъæуккаг Созæты Бæбу. Иумæ фæракæс-бакæс кодтой трактормæ, цыдæр амæлттæй йæ скусын кодтой æмæ йæ уæд станмæ Зинæ сабыргай стардта. Тыхст æмæ мæгуырдзинадæй дзаг уыдысты уыцы бонтæ, фæлæ адæмæн цыфæнды зынты дæр се ‘ууæнк къаддæр нæ кодта. Зыдтой йæ, уæлахиз сæм кæй æрбахойдзæн, хуыздæр дуг кæй æрбалæудзæн, уый. Хъæрджынты Бекыры чызг Зинæ æвддæсаздзыдæй тракторыл бабадт, хуыздæрты раивта, йæхæдæг хъæубæстæн, колхозонтæн ссис ныфсы хос.

Фæсхæст дæр ма бирæ азты фæкуыста колхозы, кæддæриддæр уыдис раззагдæртимæ. Кад æмæ радимæ фæцард Гогаты мыггаджы ‘хсæн, схаста кæстæр. Никуы дзы рох кодтой, хиуоны зæрдæ дардта, уыцы уæззау азты фыдæбæттæ кæимæ дих кодта, уыцы æмкусджытæм: Гаматы Мырза, Уылыбиаты Умар, Таболты Дзамболат, Хъайтмазты Степан, Магаты Геор, Магкæты Аслæнбег, Реуазты Æхсар, Саухалты Зауырбег, Баситы Аликмæ…

Хъæрджынты Зинæ уыд, хæст йæ хъысмæтыл цæхгæр кæмæн ацыд, уыцы фæлтæры минæвар. Кæддæриддæр хъæубæсты ‘хсæн уыдис нымад, йæхи кой йæм никуы уыди, ницавæр хæрзиуджытæ агуырдта, «æз афтæ куыстон» дзы ничи фехъуыста. «Хæст нын нæ размæ карз домæнтæ сæвæрдта, кусын хъуыдис æмæ куыстон», — ахæм-иу уыдис йæ уæздан дзуапп. Цалдæр азы размæ цардæй ахицæн, йæ фæллойадон хъæбатырдзинад, йе ‘ппæт фыдæбæттæ црайуæгтæй рох не сты. Зинæйы хуызæн чызджытæ не Стыр Уæлахизмæ егъау бавæрæн бахастой.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here