Кафты æвзагæй – æнусон иудзинадмæ

0
7

Дзæуджыхъæуы уыд Паддзахадон академион Адæмты хæлардзинады орденхæссæг адæмон кæфтыты ансамбль «Алан» æмæ зард æмæ кафты паддзахадон академион сгуыхт ансамбль «Донбасс»-ы дыууæ коллективы иумæйаг концерт. Уæрæсейы адæмты иудзинады азы фæлгæты культурон фæзынд бабæрæг кодта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Спикер арфæ ракодта хъуыддаджы архайджытæн, уазджытæн æмæ йæ саразыныл чи бафыдæбон кодта, уыдонæн. Уæлдай арфæйы ныхæстæ республикæйы закъон-æвæрынады оргæны разамонæг загъта Донецкы Адæмон республикæйы артисттæн, уыимæ, фæбæрæг кодта, æнæфæцудгæ æфсымæрон бастдзинæдтæ æмæ Донбассы ахадындзинад бæстæйы историйы – куыд Фыдыбæстæйы егъау индустриалон æмæ металлургон центр. Тускъаты Таймураз ма загъта, дыууæ регионы удварны иумæйаг хæзнатæ Донецкы зæххыл райгуырæг, се сфæлдыстад бирæнацион Уæрæсейы культурон бынтæм хаст кæмæн æрцыд уыцы зындгонд – Владимир Даль æмæ Сергей Прокофьевы нæмттæ кæй иу кæнынц, уый.

– Ацы аз хуымæтæг нæу, уый цæуы нæ кадджын бæстæйы адæмты иудзинады нысанимæ. Æнæмæнг, нæ иудзинад, кæрæдзийæн баххуыс кæнын, нæ иумæйаг историйæн аргъ кæнын алкæддæр нæ Фыдыбæстæ кодтой тыхджындæр. Абон иумæ, уæхски-уæхск куы æрлæууыдыстæм уæд, ацы культурон æмархайдæн фæзынд ног нысан. Мæ зæрдæ не ’ппæтæн дæр зæгъы æнтыстдзинæдтæ, национ традицитæ бахъахъхъæнын, сабырдзинад æмæ фарн, – бахахх кодта Парламенты Сæрдар.

Тускъаты Таймураз, адæмон сфæлдыстад бахъахъхъæнын æмæ бæрзонд профессионалон дæсныдзинады тыххæй Цæгат Ирыстоны Парламенты Кады гæххæтт балæвар кодта зард æмæ кафты ансамбль «Донбасс»-æн.

Фæсивæды галуаны сценæйыл æвæрд концертон программæ æрбаиу кодта дыууæ хæдхуыз сфæлдыстадон скъолайы. Залы къух бакæнæн нæ уыд аивадуарзджытæй. Уыдон æмхуызон цин кодтой, æмæ тыхджын къухæмдзæгъдæй аргъ кодтой уырыссаг кæфтытæ æмæ зарджытæн æмæ ирон монументалон «Симд»-æн.

ГÆБУАТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here