Дмитрий Медведев: Бахъахъхъæдтой æууæнкдзинад парти «Иугонд Уæрæсе»-мæ

0
8

«Æвзæрстыты рæстæг сбæрæг адæмы æууæнкдзинад «Иугонд Уæрæсе»-мæ. 2026 азы хъæлæс кæныны бонты æвзарджыты нымæц уыдис 57 проценты. Уый æппæты бæрзонддæр бæрæггæнæн у фæстаг азты», – загъта Дмитрий Медведев æвзæрстыты рагагъоммæйы бæрæггæнæнты тыххæй.

«Нæ ныхмæлæуджытæ тырныдтой æмæ архайдтой æвзарæн кампанийы мадзæлттæ фехалыныл, террористон фыдракæндтæ саразыныл, бирæ цæлхдуртæ нын нæ размæ сæвæрыныл, уæддæр æз стыр бузныг зæгъын нæ бæстæйы граждæнтæн, хъæлæс кæнынмæ иузæрдионæй, сæрæнæй кæй цыдысты, уый тыххæй».

Дмитрий Медведев фæнысан кодта, хъæлæс кæныны мадзæлттæ граждæнты, æвзарæн къамистæ æмæ бархионты фыдæбонæй кæй ацыдысты, уый дæр.

«Фадатæй пайдагæнгæйæ, æз се ‘ппæтæн дæр арфæ кæнын. Уæлдайдæр, фронты тæлммæ æввахсдæр чи у, уыцы регионтæн, куыд тæссаг уавæрты цыдысты хъæлæс кæнынмæ, уый не ‘ппæт дæр æмбарæм. Хъыгагæн, фыдбылызтæ дæр æрцыдис, фæлæ æвзарæн мадзæлттæ аккаг æмвæзадыл ахицæн сты».

Дмитрий Медведев ма зæрдыл æрлæууын кодта, æвзæрстыты кæй архайдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ дæр.

«Уырны мæ, адæм сыл кæй баууæндыдысты. Фыдыбæстæйы сæраппонд, йæ хæдбардзинад æмæ йын хъомыс фидардæр кæнынæн нæ хъæбатыр æфсæддонтæн сæ цард æнæхъæнæй дæр хæстон сгуыхтдзинæдтæй нывæзт у».

Кæронбæттæны Дмитрий Медведев бахахх кодта, «…парти «Иугонд Уæрæсе»-мæ нæ бæстæйы алы регионты цы æууæнкдзинад равдыстой, уый фидæны ноджы ахъаззагдæр куысты цыренгæнæг тых кæй у».

«Æвзарджытæй ахæм мандаты хицау уæвгæйæ, бавналдзыстæм, регионтæм дæр æрвыст чи цæудзæн, уыцы Адæмон программæтæ æххæст кæнынмæ. Уый егъау
куыст у, фæлæ æз æппындæр дызæрдыг нæ кæнын, нæ парти, куыд бæрнон политикон тых æмæ нæ бæстæйы раззагдæр политикон парти, афтæ сарæхсдзæн æппæт цæлхдурты сæрты ахизынмæ дæр».

Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъæлæс кæнынмæ æрбацыд æвзарджыты 85,52 проценты. «Иугонд Уæрæсе» æрæмбырд кодта 286 208 хъæлæсы, уый у хъæлæсгæнджыты 65,12 проценты. Иугай мандатон æвзарæн зылды раззагдæр у «Иугонд Уæрæсе»-йы кандидат Таймазты Артур. Артурыл схъæлæс кодтой 337 248 адæймаджы (75,95 проценты).

«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Сергей Меняйло арфæ ракодта нæ республикæйы цæрджытæн æвзæрстыты сæ сæрæн архайд æмæ граждайнаг ахастыты фæдыл.

– Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ хыгъд æрцыдысты. Æртæ бонмæ схъæлæс кодтой 400 мин адæймагæй фылдæр. Æппæт партиты разæй фыццаг бынаты ис «Иугонд Уæрæсе» – 65 проценты. Ацы нымæц дзурæг у ууыл, æмæ нæ республикæйы цæрджытæ бæрнон цæстæй кæй ракастысты æвзæрстытæм. Адæмæн ахсджиаг у зонын, сомбон цавæр уыдзæн, уый. Мах цæттæ стæм иумæ нæ амондджын фидæныл кусынмæ. Иумæйаг хъарутæй нæ къухы бафтдзæн, цы нысантæ æмæ хæстæ сæвæрдтам нæ размæ, уыдон сæххæст кæнын æмæ размæ ныфсджынæй цæуын, – загъта Сергей Меняйло.

Æвзæрстыты сæйраг кампани ацыд Паддзахадон Думæмæ. Нæ бæстæйы цæрджытæ ма равзæрстой бæрзонддæр бынæттæм кандидатурæтæ 11 регионы, нæ бæстæйы 39 субъекты закъонæвæрынадон оргæнты депутаттæ æмæ нæ бæстæйы 10 субъекты муниципалон скондты, административон центрты оргæнты депутатты.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here