Бæхыл бадыны дæсныйад нæ адæмæн фыдæлтæй баззад. Ирон лæгæн раджы бæх уыд йæ иузæрдион æфсымæрау.
Уæдæй нырмæ царды æууæлтæ бындуронæй раивтой æмæ абон кæддæры хайуанты адæм нæлгоймагæй, сылгоймагæй алыхуызон хæдтулгæ машинæтæй раивтой. Фæлæ рох кæнæн нæй, æнусты дæргъы Зæххы къорийыл цæрæг адæмæн бæх, цы стыр лæггад фæкодта, уый. Бæх адæймагæн æрвылбоны царды æмæ хæсты цæхæры дæр уыди йæ ныфсы мæсыг æмæ æххуысгæнæг.
Уæдæ æнæ бæхæй, кæд фидыдтой бæрæгбон æмæ ма суанг марды афæдзы кæндтытæ дæр! Барджытæн адæм кодтой уæлдай кад. Ахæм сæрæн барджытæй Ирыстон уыди хъæздыг. Уый ирдæй фæзынди 19-æм æнусы, цирчы бæхтыл бадгæйæ, алыхуызон трюктæ чи кодта, ахæм артисттæ куы фæзынди, уæд. Циркмæ æрбацæуджытæ, ахæм барджыты дæсныйадæн кодтой уæлдай аргъ.
Октябры революцийы размæ æгас Уæрæсейы дæр айхъуыстысты ирон барджытæй цирчы артисттæ чи сси, уыцы æвзыгъд лæгтæ Гудцаты Агуыбе æмæ Хъантемыраты Алыбеджы нæмттæ. Фæстæдæр Хъантемыраты Алыбег æмæ йæ фырттæ Хасанбег, Ирбег æмæ Мухтарбег, цирчы цы иумæйаг программæ æвдыстой, уый дисы æфтыдта аивадуарзджыты дæсгай азты дæргъы.
Хъантемыратæй уæлдай ма цирчы хъуыстгонд артисттæ уыдысты Тугъанаты, Кочынаты æмæ Нугзараты барджыты къордтæ. Ирон барджыты æмбисонды арæхстдзинад бахъуыд, хæстон æмæ аргъæутты бындурыл цы кинонывтæ исын райдыдтой, уыдоны.
Зæгъæм, Хъантемыраты Ирбег, 1950-æм азы киноныв «Смелые люди»-йы бæхыл бадгæйæ, баивта кинонывы сæйраг ролы хъазæг артист Сергей Гурзойы. Фæстæдæр йæ кæстæр æфсымæр Мухтарбег та тынг дæсны архайд кодта кинонывтæ «Чермен» æмæ «Не бойся я с тобой»-ы. Уыдонæй уæлдай ма уыцы рæстæг кинонывты иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдтой ирон барджытæ.
Нæ рæстæджы дæр ирон барджыты арæхстдзинадæн ис кадгæнджытæ.
Абон фæсарæнты зындгонд у, Уртаты Эльбрус разамынд кæмæн дæтты, уыцы барджыты къорд. Уртайы-фырт цирчы йæ куыст райдыдта Тугъанаты Дзерассæйы разамындæй. Уый фæстæ куыста Мæскуыйы, Хъантемыраты Мухтар разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы театр «Каскадер»-ы. 1993-æм азы Уртаты Эльбрус хуынд æрцыд Хуссар Африкаг Республикæмæ æмæ уым сарæзта йæхи каскадерты студи. Абон уыцы скъолайы студи у хъуыстгонд æгас Африкæйæ уæлдай, æндæр рæтты дæр.
Уртайы-фырты студийы артисттæ хуынд цæуынц алы бæстæтæм. Арæх сæ исынц алыхуызон кинонывты: Америчы Иугонд Штатты, Германы, Индийы, Австралийы æмæ æндæр бæстæты. Мæнæ та ныр дæр Эльбрус æмæ йæ барджыты къорд кусынц, Индийы цы ног киноныв исынц, уым. Уртайы-фырт уый тыххæй зæгъы: «Индимæ, мæ къордимæ хуынд æрцыдтæн æртыккаг хатт. Ам ма уымæй размæ, цы дыууæ кинонывы истой, уым нæ архайдæн стыр аргъ скодтой индиаг киноисджытæ, æмæ та нæм ныр дæр фæдзырдтой. Ам мемæ сты мæ дыууæ фырты Ариан æмæ Алыксандр. Мæ фарсмæ та, кæдфæнды дæр ис мæ хуыздæр æмбал Туаты Геннади. Нæ зæрды ис, ам нæ куыст куы фæуæм, уæд Ирыстонмæ ацæуын, æмæ уым иуцасдæр нæ фыдæлты зæххыл нæ хиуæттимæ фæуын».
Æнæмæнг, æхсызгон у, нæ таурæгъон цирчы артисттæ — Хъантемыратæ, Тугъанатæ, Кочынатæ æмæ Нугзаратæн сæ бæрзонд аивад дарддæр хæсджытæ кæй ис, уый, æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы ноджы стырдæр сгуыхтдзинæдтæ. Сæ кады ном æгас дунейы дæр хъуысæд, сæ хуыздæр æмæ бæллиццагдæр нысантæ сæ къухы æфтæнт!
БАСКАТЫ Уырызмæг












