Æрæфы æмæ Алагиры районтæ

0
272

Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ кусæг балцы уыд Æрæфы æмæ Алагиры районты. Фембæлд адæмимæ, ахуыргæнæндæттæ федта, нырма цалцæг кæй кæнынц, уыцы скъолатæ дæр.

Æрæфы районы бынæттон хиуынаффæйады разамонæг Лагкуты Омаримæ адæмимæ фембæлд, равзæрстой ахуырады кусæндæтты материалон-техникон уавæр. Уæлæмхасæн ахуырады центры ахуыргæнæг æрхатыд министрмæ, цæмæй сын автобус радих кæнынæн феххуыс кæна. Арæх сæ бахъæуы цæуын алыхуызон бынæттæм, уым æвдисынц бæрзонд бæрæггæнæнтæ. Фæлæ сæ ракурын бахъæуы æндæр кусæндоны автобус.

Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ ахуырадон кусæндæттæн автобустæ радих кæныны тыххæй куырдиат цæттæ кæнынц. Специалисттæн бахæс кодта, цæмæй Æрæфы районы Уæлæмхасæн ахуырадон центрæн автобус радтыны фарстайыл бакусой. Хæзныдоны хъæуы скъолайы ахуыргæнæг куырдта, цæмæй сæм скъолайы байгом кæной «Рæзты тæлмытæ»-йы центр. Скъола бахастой, 2023 азы федералон программæйы фæрцы бындурон цалцæг кæй кæндзысты, уыцы уæлæмхасæн хыгъдмæ. Уый фæстæ дзы «Рæзты тæлмытæ» дæр сараздзысты.

Æрæфы районы министр федта Советон поселочы, Сечеры æмæ Æхсæрысæры скъолатæ цалцæггонд куыд цæуынц, уый. Куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуамæ куыстытæ фæуой графикмæ гæсгæ. Ныртæккæ скъолатæм ласынц ифтонггæрзтæ, ног хъæдын дзаума, цыдæриддæр скъолайы бахъæудзæн, ахуыргæнджытæ æмæ сывæллæттæ сæхи дзæбæх кæм æнкъарой, уыдæттæ. Алыбегты Эллæ ма бабæрæг кодта Дур-Дуры скъола-интернат, сæ ахуыр куыд арæзт æрцыд, уый сбæрæг кодта, сывæллæттæн сæ уавæртæм æркаст. Федта ма районы рæвдауæндæттæ дæр.

Алагиры районы ахуырады министр бацыд 2-æм æмæ 5-æм скъолатæм, уым кусынц кадетон кълæстæ. Министр кадетты уроктæм бацыд, уыдоны æдде федта æндæр мадзæлттæ дæр. «Сывæллæттæ тынг зæрдиагæй архайынц. Ныртæккæ скъолатæм сæрæнæй хæссынц дæсныйады размæ æмæ дæсныйадон ахуырад. Иумæйагахуырадон скъолаты фæзындысты кадетон, математикон, медицинон, инженерон кълæстæ. Азæй-азмæ дæсныйæдты нымæц рæздзæн», — загъта Алыбегты Эллæ.

Министр ма бабæрæг кодта Хъæды хæдзарады техникум æмæ скъола-интернат. Федта сын сæ бæстыхæйттæ, урокты расписаниимæ базонгæ, ахсджиаг фарстатæ алыг кодта.

Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here