Йæ зонд æмæ цæстуарзонадæй фæлтæртæм уыд фыдæлты фарнхæссæг. Уæздан æмæ цæстуарзонæй, бæстон æмæ ныхасæй хъуыддагмæ æвиппайды рахизын чи зыдта, ахæм нæртон удыхъæды хицау лæг. Цыбыр, фæлæ уæзгæ дзырдтæй аргъ скæнæн ис РЦИ-Аланийы Национ музейы хистæр наукон кусæг, УФ-йы культурæйы сгуыхт архайæг Хъантемыраты Эльбрусы цардвæндагæн.
Уый хуызæн адæймæгтæй фæзæгъынц, йæ адæмы иузæрдион хъæбул. Ирыстоны йын алы дур æмæ фыдæлтыккон культурæйыл, не ‘гъдæуттыл дзурæг хæзна зынаргъ уыд. Бæстон зыдта йæхи æмæ алы ирон мыггæгты, нæ кæмтты, кувæндæтты, мæсгуыты равзæрд æмæ истори. Иртæста æмæ бæрæг кодта хæдзары рагон дзаумæтты æмæ национ уæлæдарæс æмæ хæцæнгæрзты, хæдзары дзаумæтты арæзт æмæ цардыуаджы сæ нысаны тыххæй цымыдисаг хабæрттæ. Дзырдта сыл зæрдиаг æмæ æхсызгонæй, куыд республикæйы цæрджытæй музейы равдыстытæм цæуæг алы кары адæмæн. Уæрæсейы æмæ дунейы алы рæттæй республикæмæ цы бæлццæттæ æмæ уазджытæ цыд, уыдонæн. Хайджын уыд Уæрæсейы æмæ Ирыстоны историйæ, канд арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй нæ, фæлæ ма фæлгонцджын æмæ аив дзырдарæхстдзинадæй.
1967 азы Эльбрус æнтыстджынæй каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультет. Уæдæй йæ царды фæстаг бонтæм йæ зонадон, æмæ иртасæн архайд баст уыд ацы рухстауæн артдзæстимæ. Музейы куысты æмæ нæ фыдæлты историон хæзнатæ бæстон кæныны æмæ фæлтæртæм сæ фыццагон хуызы хæссыны хъуыддаджы йæм уыд стыр æмæ æнæбафæзмгæ фæлтæрддзинад. Архайдта археологон æмæ адæмон сфæлдыстад æмбырд кæнæг экспедициты. Лæгæй-лæгмæ зонгæ уыд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны таурæгъгæнджытæ, кадæггæнджытæ æмæ æрмдæснытимæ. Фембæлгæйæ-иу семæ хионхуыз ныхас кодта æмæ иу цыбыр рæстæгмæ йæ зæрдæхæлардзинадæй æмæ цымыдисдзинадæй сæ алкæй зæрдæмæ фæндаг ссарын базыдта.
Кæддæриддæр йæ кусæнуаты дуæрттæ гом уыдысты алы кары адæмæн. Чи йæм-иу йæ мыггаджы хабæрттæ зонæг цыд, чи йæ фыдæлтыккон царды, кæнæ нæ зындгонд адæмы царды хабæрттæй фарста. Се ‘ппæтæн дæр Эльбрус, куыд зондджын æмæ фендджын хистæр, музейы фæлтæрдджын кусæг, афтæ уыд рæдау фысым. Сæ ныфс æмæ æнцой алы хъуыддаджы дæр.
Музейы бирæ азты кусгæйæ, уый бирæ цымыдисаг хабæрттæ æрæмбырд кодта, канд нæ кадæггæнджыты æмæ таурæгъгæнджыты тыххæй нæ, фæлæ ма йæм бирæ æрмæг уыд зындгонд нывгæнджытæ Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азанбег, Бола Тлиаг, инæлартæ Плиты Иссæйы, Мамсыраты Хаджумары, Хетæгкаты Габойы, Дзусаты Ибрагимы, революционертæ Тогойты Данел, Арсæгты Горга, Рæмонты Хадзымæт, Дзæрæхохты Хадзы-Мурат, номдзыд богал Хъаныхъуаты Бола, Хъантемыраты Алыбег æмæ йæ бинонты тыххæй.
Йæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæн аргъ кодтой зындгонд ахуыргæндтæ Абайты Васо, Тъехты Баграт, Цыбырты Людвиг, Дзаттиаты Руслан, Лазарты Хæсанæ, Хъуысаты Генри, Цуциты Аслан. Фыдæлты цардыуаджы тыххæй-иу бирæ хæттыты ныхас кодта радио æмæ телеуынынады равдыстыты. Газеттæ «Рæстдзинад», «Северная Осетия», «Владикавказ»-æн йемæ æрмæг цы журналисттæ цæттæ кодтой, уыдоныл-иу Эльбрусимæ аныхасы фæстæ базыртæ базад. Мыхуыры-иу куы рацыдысты се ‘рмæджытæ, уæд та-иу газеткæсджыты арфæйы фыстæджытæн æмæ телефоны дзæнгæрджытæн редакцимæ кæрон дæр нал уыд.
Чи йæ зыдта, йæ зонды рухсæй хайджын чи фæци, уыцы адæмæй иу дæр афтæ нæ зæгъдзæн, Эльбрус сæ искæй тызмæг ныхасæй, зул цæстæнгасæй, æнæхъуаджы дам-думтæй батыхсын кодта. Йæ царды фылдæр хай Эльбрус цæттæ кодта чиныг «Ирон орнаменттæ». Хаст æм æрцыд, нырмæ зындгонд чи нæ уыд, ахæм цымыдисаг бирæ æрмæджытæ, хуызистытæ æмæ нывæфтыдтæ. Хъыгагæн, йæ рухс дуне йыл батар, йæ ацы æвæджиауы удвæллой мыхуыры нал федта, афтæмæй.
Не ‘хсæнæй ахæм фарны лæг, уæздан æмæ цæстуарзон хистæр кæй фæхъуыд, ууыл æрхæндæг хъуыдытæй зæрдæ ныккæрзы. Уымæн йæ зæрдæ куыд рухс æмæ парахат уыд, йæ алы къахдзæф дæр йæ адæмæн хорзы бацæуыны охыл кæй уыд, уымæй та нæ хъуыдыты æнусон уыдзæн йæ рухс сурæт, ацы зæххыл кæд цæрынæй æмæ йæ уарзон ирон адæмæн кад æмæ лæггад кæнынæй нæ бафсæст, уæддæр йæ фарнæн ис æнусон цард. Уый та кад æмæ радимæ хæссын куыд фæразæм æмæ йæ фæлтæртæм адæттын нæ бон куыд бауа, уыцы хорзæх нын Эльбрусы рухс уд æмæ уарзæгой зæрдæ ма бахæлæг кæнæд. Уыцы бæстæй хæрзаудæн кæнæд йæ бирæ зонгæтыл, мыггагыл, хиуæттыл, нæ ирон адæмыл…
Гасанты Валери














