Хицауады æмбырдæй Ныхас проектты нысантыл

0
153

   Дзанайты Барисы разамындæй уыд республикæйы Хицауады радон æмбырд. Йæ архайджытæ байхъуыстой, министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджыты хаст фæндæттæм, баст уыдысты республикæйы царды алыхуызон къабæзты рæзтмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстатимæ.

   Боны фæткы уыдысты, кадртимæ æмæ ацы азы дыккæгæм кварталы РЦИ-Аланийы Хицауады æмбырдты пъланимæ баст фарстатæ. Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæджы хæдивæг Биасты Игор фехъусын кодта, уыцы æмгъуыдмæ Хицауады уæнгтæ 73 фарстмæ кæй æркæсдзысты. 1-æм апрелæй республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Маркæн йæ куысты æмгъуыд адарддæр кæныны фæндон æмбырды архайджытæ банымадтой хорзыл. «Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды 2023 азы бюджеты æмæ 2024-2025 азты æмгъуыды нысантæм»-ы закъоны проектмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл раныхас кодта фонды директор Дзæгъойты Алан.  Уый бафиппайдта, коронавирусы аххосæй ивгъуыд азы медицинон лæггæдты, дохтыртæ æмæ медицинон хоты фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæныныл, медтехникæйы цалцæгыл къаддæр хæрдзтæ кæй уыд. Бакуыстой, медицинон кусджыты разæнгардгæнæг фæрæзтæ дæттыны пъланыл.

   Рспубликæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан та радзырдта, 2024-2025 азты хъæууон территориты хæдзæрттæ аразыны фæдыл паддзахадон программæйы проект хорзыл нымад кæй æрцыд. Ивддзинæдтæ хаст æрцыд, хъæуы цæрджытæн, уыимæ, æрыгон бинонтæ æмæ æрыгон специалисттæн субсидитæ дæттыны уагæвæрдмæ дæр. Хъæууон хæдзарады министрады проекты уагæвæрд ацыд æппæт æнæмæнг хъæугæ процедурæтæ.

   Культурæйы министр Галазты Эдуард фехусын кодта, культурæйы кусджытæн субсидиты бæрц кæй у 600 милуан сомы. Сывæллæтты аивадон скъолаты цалцæгæн, культурæйы артдзæстыты, библиотекæты, музейты техникон ифтонгад, алыхуызон мадзæлттæ æрвитынæн хъæуы æххуыс. Дзанайты Барис ма  фæнысан кодта, алы хъæуы дæр культурæйы артдзæстытæ  æрцæудзысты цалцæг, сараздзысты ногтæ дæр.

  2024 азмæ дзыллон информацийы æмæ дзыллон коммуникациты, чингуытæ мыхуыры уадзыны паддзахадон программæйы проект банымадтой хорзыл. Уый тыххæй уыд йæ ныхас Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юрийæн.

Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæйы фæндон, куысты фæдыл æндæр рæттæм цæуæг граждæнтæ æмæ сæ бинонтæн æхцайæ æххуысы тыххæй уагæвæрдмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарста æмбырды архайджытæ банымадтой хорзыл. Республикæйы Арæзтады æмæ архитектурæйы министрады фарстаты фæдыл республикæйы Хицауады уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй уыд йæ ныхас  Моргуаты Константинæн. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ивгъуыд азы арæзтады фыццæгæм къорды кусæджы рæстæмбис мызд уыд 30 852 сомы.

   Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тебиаты Сослан фехъусын кодта, 2030 азмæ гепатит С-йы ныхмæ къæпхæнгай æрвитыны мадзæлтты программæйы тыххæй. Низ не ’руадзыны æмæ йæ дзæбæх кæнынæн сфидар кодтой пълан. Гепатитæй сæйæг адæмы æрвитдзысты рынчындæттæм, боныгон стационартæм.

   Профилон министрадты æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ радзырдтой, кæй æрцыд арæзт граждайнаг хъахъхъæнынадмæ цæстдарæг кусæг къорд, экономикæ, социалон къабазы æмæ паддзахадон разамынды нымæцон трансформацийы, республикæйы туризмы рæзты тыххæй. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у алыхуызон уæрæсейаг программæты архайын, йæ бæрц æртæ проценты кæмæн у, ахæм æхцайы æфстæуутæ исын.

2023-2025 азты йæ психикæ хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты реабилитацийы фарстатыл уыд йæ ныхас фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæйæн. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ахуырады министрадтимæ иумæ фæнд кæнынц хъомылгæнинæгты реабилитацион куыст райдайын. Ацы аз адæмæн куысты бынæттæ дæттыны Комитет та сараздзæн армукъатæ. Фыццаг мадзал арæзт цæудзæн июны

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here