Депутаттæн адæмимæ æнгом бастдзинадæй хуыздæр ницы ис

0
295

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ  Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Депутаттæн сæ закъонæвæрынадон архайды цы ног фæтк æрфидар, уымæ гæсгæ, мæй иу хатт советы уæнгтæ æрæмбырд вæййынц республикæйы районтæй иуы æмæ æрныхас кæнынц йæ уавæрыл, бынæтты уæвгæйæ, æркæсынц хъуыддæгтæм æмæ рахæссынц фидæнмæ бæлвырд нысантæ. Ацы хатт Парламенты депутаттæн сæ кусæн балц уыд Рахизфарсы районмæ.
Советы æмбырд гом кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта, республикæйы царды район кæй ахсы ахсджиаг бынат æмæ бæрæг кæй дары, цы кадджын историон цаутæ дзы уыд, æмæ дзы цы разагъды лæгтæ рацыд, уыдонæй.
— Рахизфарсы район Ирыстон æмæ нæ бæстæйæн радта Советон Цæдисы 9 Хъæбатыры æмæ Социалистон Фæллойы 7 Хъæбатыры, сæ нæмттæ алкæмæн дæр сты зындгонд. Иннæ ахæм — Цæлыччы донхорыггæнæн къанау. 1940 азы уый арæзт æрцыд æхсæрдæс бонмæ, æмæ уый диссаг куыд нæу!» — загъта Парламенты Сæрдар.
Районы социалон-экономикон рæзты тыххæй, ивгъуыд азы дæргъы национ проекттæ куыд æххæстгонд цыдысты æмæ сæм фидæнмæ цавæр нысантæ ис, уый тыххæй æмбырды раныхас кодта Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сослан. Куыд загъта, афтæмæй, фæсарæйнаг санкциты аххосæй ивгъуыд аз алкæмæн дæр уыд уæззау, фæлæ уæддæр, социалон-экономикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, район йæ размæ æвæрд хæстæ сæххæст кодта. Районы бюджеты хи æфтиæгтæ, 2021 азимæ абаргæйæ, фæфылдæр сты 63 милуан сомæй. Уымæй уæлдай, раныхасгæнæг бафиппайдта, Беслæны райрæзты социалон-экономикон генералон пъланы цы нысантæ æвæрд ис, уыдон æнтыстджынæй æххæстгонд кæй цæуынц, уый. Уыдонмæ хауынц: ног скъолаты, рæвдауæндæтты, уæлæмхасæн ахуырады объектты, хъæуты культурæйы хæдзæртты арæзтад, медицинон кусæндæтты, фæндæгты цалцæг, горæты донуадзæнты, фæндæгты рацарæзт æмæ æндæр куыстытæ.
Рахизфарсы районы хъæууон хæдзарады уавæрыл æмæ, йæ рæзтæн цавæр гæнæнтæ ис, уый фæдыл доклад скодта Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег. Куыд загъта, афтæмæй районы кусынц 134 куыстуаты. Хъæууон хæдзарады къабазы размæцыдæн инвестортæ ивгъуыд аз бавæрдтой 304 милуан сомы. Сæ архайд рапарахат кæнынæн 16 хиамалхъомæн лæвæрд æрцыд 30 милуан сомы аргъ субсидитæ. «Фæлæ æрдзон уавæртæ æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, хоры тыллæг фæкъаддæр», — загъта раныхасгæнæг. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы Хъæууон хæдзарады министрадæн хъæуы бауынаффæ кæнын, цæмæй районы аграрон къабазæн баххуыс кæной гранттæ æмæ субсидитæ дæттыны хуызы.
Рахизфарсы районы социалон политикæйы фарстаты тыххæй ныхас кодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта районы дæсны медицинон кусджытæ цæттæ кæныны фарстамæ, дохтыртæ æмæ медицинон кусджыты иудадзыгон ахуырадмæ, фелсырон-акушерон пункттæ аразыны æмæ, 100 адæймагæй къаддæр кæм ис, ахæм цæрæн бынæттæм цæугæ медицинон комплекстæ æрвитыны фарстамæ.
Æртæ доклады фæдыл советы уæнгтæ рахастой ноджыдæр сыл бæстонæй бакусыны æмæ сæм Парламенты радон æмбырды æркæсыны уынаффæ.
Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан æркæсынмæ цы дыууæ федералон закъоны проекты рахаста, уым сæ иуы ныхас цыд сæрмагонд æфсæддон операцийы æппæт архайджытæн æмæ сæ бинонтæн бахъуаджы лæвар юридикон æххуыс кæныныл, иннæйы та — паддзахадон сусæгдзинад бахъахъхъæныны тыххæй уæлæмхасæн закъонæвæрынадон мадзæлттæ сфидар кæныныл. Ацы закъоны проектæй фылдæргонд цæуынц паддзахадон сусæгдзинад бахъахъхъæныны фæдыл Уæрæсейы Президенты æмæ фарстайыл бæрнон адæймæгты бартæ. Уымæй уæлдай дзы ныхас цæуы Уæрæсейы Федерацийæ æддæмæ æмæ йæм мидæмæ цæуыны уагæвæрдыл. Фарста у уæлдай ахсджиаг, ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операци кæй цæуы, уый нымайгæйæ.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы транспорты хъалоны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы 4-æм Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект æркæсынмæ рахаста Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Закъоны проектмæ гæсгæ, 150 бæхы хъаруйæ фылдæр йæ тых кæмæн нæу, ахæм машинæты хицæуттæ — сæрмагонд хæстон операцийы архайджытæ — транспорты хъалон фидынæй уыдзысты уæгъдгонд.
Социалон нысаниуæг кæмæн ис, къорд ахæм федералон закъонты проекттæ советы уæнгтæн сæ размæ рахаста Реуазты Ларисæ дæр. Закъонæвæрынадон хъæппæристæ баст уыдысты: хæстон цауты ветерантæн, уыимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн коммуналон лæггæдтæ фидынæй (компенсацийы 50 процентæй) баххуыс кæнынимæ; сæ хæдзардарæг æрсидты кæмæн ацыд, афтæмæй гыццыл сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы æфсæддоны бинонтæн баххуыс кæнынимæ; сидзæрæй æмæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн социалон æххуысы уæлæмхасæн мадзæлттæ æмæ æндæр фарстатимæ.
Уымæй уæлдай, федералон æмæ республикон закъонты проекты фæдыл æмбырды ныхас кодтой: Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ, наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги æмæ профилон комитеты сæрдар Качараты Олег.
Рахизфарсы районы социалон-экономикон райрæзтмæ йæ æнтыстджын æмæ æнæзæрдæхудт фæллойæ аккаг бавæрæн чи бахаста, царды алы къабæзты уыцы фæллойгæнджытæн æмбырды кæрон Тускъаты Таймураз радта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Кады гæххæттытæ æмæ Парламенты Сæрдары Арфæйы фыстæджытæ.
Фысымты номæй депутаттæн се ‘рцыды тыххæй арфæ ракодта горæт Беслæны минæвæртты æмбырды уæнг, «Иры Стыр Ныхас”-ы районы советы сæрдар Томайты Савели.
— Адæм цæмæй цæрынц, цæмæй хъæрзынц, уый базонынмæ се ‘хсæнмæ кæй цæут, уый тыххæй уын бузныг. Хицауад адæмимæ куы уа, æмæ се ‘хсæн æнгом бастдзинад куы уа, уæд уымæй хуыздæр ницы ис», — загъта районы хистæрты минæвар.
Æмбырды фæстæ Тускъаты Таймураз, йемæ Фрайты Сослан æмæ Рахизфарсы районы бынæттон хиуынаффæйады сæрдар Мырыкаты Хъазыбег афтæмæй, æрзылдысты Беслæны райрæзты социалон-экономикон генералон пъланмæ гæсгæ горæты цы объекттæ арæзт кæнæ бындурон цалцæггонд æрцыдысты, уыдоныл, стæй, районы экономикæйы хъомысмæ йæ бавæрæн ахадгæ кæмæн у, ахæм куыстуæттыл, се ‘хсæн: уæлæмхасæн ахуырады кусæндон «Сывæллæтты курдиæттæ рæзыны центр «Альтаир», консервгуыстгæнæг æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Карагро», нырыккондæр уавæртимæ 13-æм æмæ 1-æм рæвдауæндæттæ, ногарæзт 2-æм астæуккаг скъола, дыууæ мин спортуарзæгæн бынат кæм уыдзæн, Беслæны уыцы стадион «Пищевик», стæй ма Бруты хъæуы амбулатори.
Рахизфарсы районмæ кусæг балцы кæронбæттæн дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæртты фарстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ, Парламенты Сæрдар куыд загъта, афтæмæй, цы федта, уымæй разыйæ баззад.
— Социалон-экономикон размæцыды сæйраг рахæцæнтæ сты национ проекттæ, æмæ не ‘ппæт дæр федтам, Рахизфарсы районы уыдон æххæстгонд кæй цæуынц, уый. Уæдæ, нæ бæстæйы Президент Владимир Путины æмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фембæлды фæстæ Беслæны райрæзты тыххæй цы генералон пълан æрцыд фидаргонд, уымæн дæр йæ нысантæ — афтæ. «Альтаир», зæгъгæ, цы Центр бабæрæг кодтам, уым рæзгæ фæлтæрæн ис, йæ зæрдæмæ хæстæгдæр кæмæн цы у, уымæ гæсгæ уæлæмхасæн ахуырад райсыны æппæт фадæттæ дæр. Агрокомплексы дарддæры рæзтæн дæр сбæлвырд кодтам хъæугæ мадзæлттæ, уымæн хорз цæвиттон — бизнес-проект «Карагро». Нæ дарддæры нысантæ дæр къухы бафтыныл архайдзыстæм, æрмæст, æппæт æмвæзæдты депутаттæ æмзонд куы уой æмæ нæм адæмимæ æнгомдзинад куы уа, уæд, — загъта Тускъаты Таймураз.

         Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here