“Пищевик” байгом

0
210

Стыр рацарæзты фæстæ Беслæны байгом стадион «Пищевик». Уый тыххæй Рахизфарсы районы цæрджытæн раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Спортивон объект сарæзтой 80 азы размæ, рæстæг ыл рацыд æмæ заууат уавæрмæ æрцыд. Йæ рацарæзты фæстæ дзы ныр фадæттæ фæзынд спорты алы хуызтæй архайынæн. «Бирæтæ хъуыды кæнынц, стадион раздæр цы хуызы уыд, уый. Иумæ йæ кæй бахъахъхъæдтам, кæй сног кодтам, уый мын æхсызгон у. Нæ фæсивæдæн æмæ сывæллæттæн стадион сæ удты хъаруйы рæзтыл кæй фæзындзæн, уый мæ уырны. Уæ алкæмæн дæр арфæ кæнын!», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Беслæны Маисон комбинат куы скуыста, уæд дзы фæзынд стадион дæр. Фæстаг азты нал куыста, «Физикон культурæ æмæ спорты рæзт»-ы паддзахадон программæмæ гæсгæ йæм 2022 азы рацаразынмæ бавнæлдтой. Ныртæккæ стадион бындуронæй рацарæзтой, спортуарзджытæ дзы æхсызгонæй архайдзысты. Фæзынд дзы административон-цардыуаджы комплекс, тренировкæтæ кæнæн зал, дзаума ивæн æмæ хинайæн хатæнтæ.
Футболон фæзмæ базылдысты, трибунæ конд у згъæры конструкцитæй, ис дзы дыууæ мин бынаты. Стадионы цур бынат ис машинæтæ æвæрынæн, æндæр хъæугæ скондтæ дзы сарæзтой. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг аныхас кодта спортсментимæ, тренертимæ. Кадджын уавæры стадион куы байгом кодтой, уæд дзы уыд футболон хъазт Рахизфарсы æмæ Кировы районты командæты ‘хсæн.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here